Цырагъдар. Фыццаг чиныг

I

Леуанӕн йæ фыды ’фсымæр Хъазыбег Уæрæсейы куыста æмæ Леуаны дæр йæхимæ акодта. Хорз лæг уыд Асаты Хъазыбег, бирæ æххуыс фæцис ирон адæмæн. Канд ирон нæ, фæлæ иннæ адæмтæн дæр.

Леуаны ус куырдуаты бадти, афтæмæй Хъазыбег Леуаны Уæрæсемæ аласта æмæ йæ хæстон ахуырмæ радта. Леуан афицер ссис æмæ раздæхт Нармæ, куырдуаты йын чи бадт, уымæ. Ахæм дард ран нæлгоймагæн æнæ сылгоймагæй зын цæрæн у.

Чындзæхсæв скодтой Нар. Цыдæриддæр Нузалæй мидæмæ цæрæг адæмтæ уыдис, уыдон цæстуарзон кад лæвæрдтой, буц хуынтæ хастой Елберды хæдзармæ. Дардыл уыди лæгты бадт: хæрд, нозтæй цух цæмæн уыдаид Гоцъиты номы чындзæхсæв.

Нар ахæм заманты дардтой æхсæны фæллой æмæ бахъуыды сахат уыди цæттæ. Нары зæронд лæгтæ-иу ныхасмæ æрбамбырд сты æмæ-иу сæ чындзæхсæв барæвдз кодтой.

Куыннæ уыдаид чындзæхсæвы хорз адæмтæ дæр. Дардыл уыди сæ симд дæр æмæ сæ хонгæ кафт дæр. Хъазыбег æмæ Гуыбаты чызджы иумæ ракафын кодтой. Иугæр сæ куы ракафын кодтой, уæд хурау худтысты Гуыбаты чызджы цинæй Нар усæй, лæгæй, уазæгæй. Рæсугъд чызг уыди Гуыбаты чызг. Сыгъдæг сызгъæринæй æмæрттывд кодта: уæ камарийæ зæгъай, уæ риуæгънæджытæй, уæ цонгдарæнæй. Мæнæ раст тæхгæ маргъау Поты уæрæх фæзы куы æркафыдысты, уæд Нары зæронд лæгтæ сæ бынæттæй сыстадысты æмæ ныккастысты сæ уæздан чындзмæ.

— Хуыцау нын йæ амонд хорз фæкæнæд! Йæ бакастæй, йæ фендæй нæ зæрдæтæ куыд ныррухс сты, афтæ нын йæ амонд кæронмæ ахæццæ уæд!

Чындзæхсæвы адæм арфæ ракодтой æмæ алчи йæ хæдзармæ фæцыди.

Нармæ ахæм рагон æгъдау уыди: хорз чындзæн кодтой дыккаг чындзæхсæв. Ног чындз-иу фыццаг æхсæв йæ моимæ сæ уатмæ куы бацыдысты, уæд-иу сын хъахъхъæнджытæ уыд. Кæд æмæ чындз йæ цардмæ бахызт æнæ зæрдæхудтæй, сыгъдæг чызг у, уæд-иу ахæм чындзæн кодтой бæрæггæнæн: æртæ хатты-иу хæрдмæ сæхстой фæттæ æмæ æрдынтæ. Ома, цæрæг адæмыл айхъуыса йæ хорздзинад, æмæ-иу уæд Нарæн сæ кæстæртæ æрдомдтой дыккаг чындзæхсæв.

Гуыбаты чызгæн скодтой дыккаг чындзæхсæв. Авд азы та куырдуаты фæбадти. Дардыл айхъуысти йæ уæзданы кой. Канд Нары хъæубæстæ нæ, фæлæ бирæ уарзон адæмтæ цин кодтой Леуан æмæ Гуыбаты чызджы циныл.

Хъуамæ Леуан Гуыбаты чызджы Уæрæсемæ акодтаид. Фæлæ йын йæ фыды мад Зорон бар нæ радта:

— Æз мæ уæздан чындзы уæртæ сæрсæфæн бæстæм нæ ауадздзынæн. Йæхæдæг дæр тагъд фæстæмæ куыд æрцæуа, афтæ.

Леуанæн йæ рæстæг фæци æмæ йын æнæ цæугæ нæ уыди. Бæргæ йын зын уыди, раст йæ зæрдæ срысти, иугæр Зороны фæнд куы фехъуыста, уæд. Йæ æфсымæры чызг Хайырмæ фæдзырдта:

— Хайыр, Гуыбаты чызг авд азы куырдуаты кæй фæбадт, уый уæм æгъгъæд нæ кæсы, ныр та ам бада? Уæд тæригъæд нæу? Науæд æз дæр тæригъæд нæ дæн?

Хайыр бæргæ бацыди:

— Зорон, ауадз чындзы æмæ фæцæуа.

Зороны нæ бафæндыди. Леуан дæр ма, мæгуырæг, цы уæлдай загътаид, йæ фыды мадæн цы йæ бон уыди. Æртæ азы фæцард Гуыбаты чызг тынг кадджынæй æмæ æгъдауджынæй Нары.

Раст Къоста цы заманты гуырыдис, уыцы заманты дæр ма Леуан Асаты Мугийы рарвыста, ацу æмæ Гуыбаты чызджы ракæн, зæгъгæ, фæлæ йын уæдмæ фæрæз нал уыди акæнынмæ.

— Æххæст фервæза, æмæ йæ уæд акæндзынæ.

Æнæнцойæ уарынтæ цыдысты, хæхтæ лæбырыдысты, уырдыгмæ раст къæртгай хаудысты.

Гуыбаты чызг Хайыримæ йæ цæгатмæ фæцæйцыд. Суары фæзмæ куыддæр бахæццæ сты, афтæ бæстæ фæфæлдæхт, арвæй рухсы цъыртт нал калди. Цъыппы уынгæг кæмттæй къæйдуртæ уырдыгмæ тылдысты. Иуæй уарын, аннæмæй фезмæлæнтæ æмæ базмæлæнтæ нал уыд. Цы хуыздæр фæрæз ма уыдаид, мæгуырæг, Гуыбаты чызгæн дæр: фæстæмæ раздæхтысты Суары фæзæй, «уæ æнæнцойы уардæй фæуарай», зæгъгæ...

Нарыхъæуы ныхасмæ та лæгтæ æрбацыдысты. Елберд цыдæр æнкъардæй бады. Къæбер æм дзуры:

— Цы кæныс, уыцы æнкъардæй зæхмæ куы хъусыс?

— Уæллæй, Къæбер, нæ чындз абон йæ цæгатмæ фæцæйцыди æмæ раст Суары фæзæй фæстæмæ раздæхтысты. Тынг зын мын у. Куыд вæййы æмæ цы вæййы, йæ мады раз ын бирæ æнцондæр уыдаид. Куыддæр мæ зæрдæ кæуын агуры. Леуан дæр æнхъæлмæ кæсы æмæ уый дæр тæригъæд у. Адон иууылдæр Зороны мæстытæ æмæ аххæстæ сты. Чындзы ауадз æмæ фæцæуа йæ сæры хицауимæ.

— Ма тæрс, Хуыцаумæ бирæ хорздзинæдтæ ис. Фервæздзæн.

— Уарынæй дæр тас у. Нал хид ныууагъта, нал куырой баззади. Иуæй дæттæ сæрра сты, аннæмæй бæстæ дон фестади. Сылгоймагæн бирæ хъæуы ахæм заманты мæлынмæ?

Ныхасы лæгтæ кæсынц, æмæ раст Уæллаг Нарæй Дæллаг Нары æхсæн цы хид уыди, уый дæр та Лиайы дон аласта.

— Мæнæ диссæгтæ, Къæбер! Ныр уæд та нæ чындз ахсæв схъæрзыди, уæд Уæллаг Нарæй Хъугърионы чи æрбахæсдзæн доны? Лиайы дон бæстæ куы ласы, уæд мæнæ цы раны фæдæн!

Къæбер та Елбердæн зæрдæтæ авæрдта:

— Ма тыхс, кæд уæдмæ фæхъус уаид. Фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц.

— Нæй, Къæбер, ахæм ран нæ дæн. Уый йæ афон куы нæ зонид, уæд йæ цæгатмæ нæ цыдаид.

Елберд куыд хъуыды кодта, æцæгдæр афтæ рауади.

Гуыбаты чызг æмбисæхсæвты скъæтмæ ныццыди. Скъæты фос нæ дардтой, фæлæ хъарм æмæ фидар уыд. Раздæр дзы фос дардтой, фæлæ иугæр сылгоймæгтæн хъæбултæ арæн бынат куы нæ уыди, уæд сын иу скъæт сбынат кодтой Дæллаг Нарыхъæуы, иннæ скъæт та — Уæллаг Нарыхъæуы.

Æфсарм уыди хъæбæр домбай, уæлдайдæр та особайы заманты. Чындзытæн хъуыди хицæн ран, хистæртæ кæдæм ма цæуой, кæнæ арæг усæн йæ хъæр хистæр устытæ дæр æмæ нæлгоймæгтæ дæр цæмæй ма хъусой, ахæм ран. Уымæ гæсгæ чындзытæ фылдæр цыдысты сæ цæгатмæ, хуындæджы бадынмæ. Рæстæг-иу кæмæн не ’рцыди йæ цæгатмæ фæцæуынмæ, уыдонæн та хъуыди аууондæр бынат.

Къоста кæм райгуырд, уыцы скъæты дæр æмæ Уæллаг Нарыхъæуы скъæты дæр арæг устытæн æвæрд уыди хæххон цъыхыры уистæй тынг бæстон быд куыфтæ. Лыстæн-иу сæ бакодтой хъæмпæй. Лыстæн æмбæрзт уыди нымæттæй: иу нымæт бынæй, иннæ нымæт арæг усæн йæ уæлæ æмбæрзт куыд уыдаид, афтæ. Кæд-иу зымæг æрæййæфта, уæд ма-иу ыл ноджыдæр нымæты уæлæ æмбæрзт уыдаид уæлдзарм кæрц.

Скъæты мидæг-иу бандзæрстой нæзы къодæхтæ, æмæ-иу арт гуыр-гуырæй сыгъди. Арæг усы-иу хъарм кодтой, сæгъдзæрмттæ-иу артмæ дардтой.

Фыццагарæг сылгоймæгтæм уæлдай рæвдздæр кастысты. Уыцы заманты ахуырадæй хъусдард нæ уыд, фæлæ уыд арæхстджын сылгоймæгтæ. Уыдысты тынг стæм, сæ иу — Хъугърион. Бирæ устыты мæлæтæй фервæзын кодта, канд Нарыхъæуы цæрæг адæммæ нæ, фæлæ ма йæ кодтой дæрддаг хъæутæм дæр. Аннæ ус та уыди уæдæ Мамысоны Боцитæм, æмæ-иу кæд къухы бафтыдаид, уæд хорз, кæннод-иу арæхстджын сылгоймаджы фыдæй арæг усæн цæй фервæзæн уыдаид.

Арæхстджын сылгоймæгтæ тынг æххуыс кодтой хъæбулты фервæзын кæнынмæ дæр æмæ хъæбулты мадæлтæн дæр.

Æвгъæддон усæн фыхтой зады хъæрмхуыпп, фиутæ-иу ыл ныккодтой, тынг адджын æмæ хæрзад уыди, зæрдæ дæр дзы кодта фидар. Ноггуырд сывæллонæн дæр дзидзийæн уыди тынг æххуыс. Задын гуылтæ-иу кодтой, цыхт кæнæ-иу сæ фиутæ сæвæрдтой.

Сывæллон-иу куы райгуырди, уæд-иу æй цынадтой хъарм доны. Сæ фæрæз æмæ амал куыд уыди, афтæмæй архайдтой, æгуыдзæджы фыдæй сæхиуыл ницы уагътой.

Арæг усы размæ-иу дзæвгар сылгоймæгтæ бацыди. Кæд-иу зын æвгъæд уыди, уæд-иу куыд хуыздæрæй фервæза, афтæ кодтой.

Иугæр-иу арæг ус куы фервæзти, уæд-иу фæйнæрдæмты хæрзæггурæггæгтæ цыдысты.

Уæдæ-иу сæхицæн æхсæвæр дæр акодтой. Арæг усы размæ-иу цы сылгоймæгтæ бацыди, уыдонæн кодтой сир. Картæфтæ-иу цæхæры бакалдтой, æмæ æхсæв-бонмæ бадтысты æвгъæдуат сылгоймаджы раз. Кæд-иу сæрд урсагафон уыдаид, уæд та-иу стыр аджы дзаг сыгъдæг цыхты дзыкка скодтой æмæ усæй, чызгæй минас кодтой, хъæлдзæг ныхас кодтой, сæ худын Нарыхъæуы къæдзæхтæ арыдта.

Æрмæст лæгтæ æмæ лæппутæ æмгæрон нæ цыдысты, фæлæ-иу сылгоймæгтæй дуармæ чи рауади, уыдоны афарстой:

— Куыд у уæ рынчын?

Алкæй зæрдæ дæр æхсайгæ кодта. Кæд хорз дзуапп райстаиккой, уæд-иу алчи æнæ мæтæй схуыссыди йæ хæдзары. Сылгоймæгтæ та-иу арæг усимæ баззадысты бонмæ.

Ахæм цардыуаг уыди Нарыхъæуы адæмты æхсæн.

Суг æмæ нæзы цырæгътæй цух никæд уыдысты. Нар у иууылдæр нæзыхъæд, зазтæ æмæ нæзытæ сæрдæй, зымæгæй уыцы цъæх-цъæхидæй дарынц сæхи.

Нарыхъæуы фидар æмæ домбай хæдзæрттæ арæзт уыди. Бæрзонд уæладзыг хæдзæрттæ, хæххон дуртæй амад. Уæды заманты уæзисæнтæ нæма уыди, кæнæ систæ амайгæйæ æндадзæн хостæ, фæлæ архайдтой фæрæт æмæ дзæбугæй. Уæддæр куыд фидар мæсгуытæ амадтой къæдзæхты сæртыл æмæ къуыбыртыл! Хæлдтой къæдзæхтæ æмæ сæ арæзтой фидарæн æмæ рæсугъдæн бæрзонд чъырынтæ, хъæуæй хъæумæ хæдзæрттæн сæ сæрты кастысты фыр бæрзондæй. Куыд сæ истой хæрдмæ дæр, диссаг уый уыд, кæнæ уый бæрзæндæн схизæнтæ та куыд арæзтой?

*

Елберд радзырдта:

«Бынтон саби ма уыдтæн, афтæмæй Гаджитæ чъырын амадтой Уæллаг Нарыхъæуы. Хъæбæр фидар æмæ рæсугъд арæзт æрцыди.

Скæсæны хъæуы дæр цардысты Дзидатæ æмæ Дзапартæ, дыууæ æфсымæры. Уыдон дæр байдыдтой чъырын амайын. Стыр дур сисын хъуыди æмæ йын ницы фæрæзтой. Иу ус Сили хуынд, уыди тынг домбай усыл нымад, уæдæ йæ хæрд дæр афтæ. Уæд мæн æмæ Къæберы рарвыстой:

— Ацæут æмæ далæ Цъебатæй Силийы æрбакæнут, Скæсæны, зæгъ, чъырын аразынц æмæ иу дур сисын сæ къухы не ’фты.

Силийы лæджы куыстытæ кæнгæ баййæфтам.

— Кæм уыдыстут, уæ низтæ ахæрон, Хетæгкаты лæппутæ, Хетæджы хорзæхæй хайджын æрбауат? Æрбадут.

— Нæ, мах бадынмæ не ’вдæлы. Уартæ Скæсæны чъырын амайынц, æмæ иу дур сисыныл сæ бон нæ цæуы. Дада æмæ Адам семæ хыл сты æмæ сæм хæстæг дæр нæ цæуынц — уалæ Æрхъуыны хъæды[1] сусæгæй нæзы бæлæстæ акалдтой.

Сили бахудт æмæ афтæ зæгъы:

— Æрхъуынæн хицау нæ хъæуы æмæ мæнæуæн — уыдон сæхи сæхæдæг хъахъхъæнынц. Скæсæны та кæд мæ сæр хъæуы, уæд сывæллæтты кæдæм рарвыстой? Лæгтæй исчи рацæуæд æмæ баныхас кæндзыстæм. Æвдæлгæ дæр мæ нæ кæны, фæлæ адæймаг æфсæрмæй кæдæм нæ фæцæудзæн...

Сили махæн хъултæ радта æмæ нын цы загъта, уый радзырдтам.

Уæд рацыди Дзидаханты Быди:

— Æз æй æрбакæндзынæн.

Быди Силимæ бацыди:

— Рацу, Сили, æмæ нын нæ дур сис чъырынмæ.

Слли загъта:

— Далыс мын аргæвдут, дыууадæс хъæбæрхоры кæрдзыны скæнут. Нæл фыс та мын йæ сисæггаг раттут.

Быди загъта:

— Цыдæриддæр зæгъай — „нæ“ нæ зæгъдзыстæм. Уæд нæ Нары бæрзонд Уастырджи хæрз æлгъыст ракæнæд.

Сили иу хæрдæн далыс хордта, къæртайы дзаг та хуырх кæнæ сылы нуæзта, царвцæгъдæн мигæнæны дзаг-иу мисын хуыппæй фæци, кæд нартхоры кæрдзын уыдаид, уæд нартхоры кæрдзынтимæ, кæд нæ уыдаид, уæд та хъæбæрхоры кæрдзынтимæ. Фондз æмæ ссæдз тыппыроны иу хæрд кодта, дыууадæс уæлибæхы — сæ царв сæ сæрты куыд хъазыдаид, афтæмæй. Иу дзырдæй, тыхгæнæг Силийæн тых нæ ардта, уæдæ йын хойрагæй дæр æфсис нæ уыд.

Силийы ракодта Быди. Далыс ын аргæвстой, дыууадæс хъæбæрхоры кæрдзыны æрæвæрдтой, къæртайы дзаг — ногцагъд мисын. Сили ма йæхицæн турæ бас[2] дæр скæнын кодта. Сили æрбадт, æмæ йæ кусарт куы хордта, уæд ын йе сгуытæ махæн Къæберимæ радта:

— Гъа, лæппу, сгуы дын мæнæй хайæн фæуæд æмæ адæмæн сæ хуыздæртæй куыд фæуай. Зондæй дыл лæгæй-лæгмæ куыд ничи фæтых уа, дæ фыдæлты кад æмæ радæй хайджын куыд фæуай, дæ кой Нарты Батразау цæрынæй-хæрынмæ куыд кæной адæмтæ.

Далыс хæрд фæци дыууадæс хъæбæрхоры кæрдзынимæ, иу стыр кæхцы дзаг та турæ бас бацымдта. Хорз йæхи федта æмæ дур чъырыны сæрмæ схæццæ кодта. Ноджы ма сæм фæкаст амайынмæ. Фесты сæ чъырын амад. Сили къæртайы дзаг ногцагъд мисын дæр ма зæрдиагонæй банызта. Нæл фыс ын радтой æмæ йæ карчы цъиуы хуызæн йæ хъæбысмæ фелвæста:

— Рæстмæ фæуæд уæ чъырын!

Сили йæ хæдзармæ рафардæг».

*

Хæдзары бæрæгастæу-иу уыди стыр саджил цæджындз, аххæрæг йæ сæрмæ. Хæдзарæн-иу йæ сæр сау-сауид уыд сæгæй. Хæдзæрттæ-иу урс-урсид чъырæй куы сцагътой чызджытæ æмæ чындзытæ, уæд-иу ахæм рæсугъд уыдысты, æмæ сæм зæрдæ агæпп-агæпп кодта. Хъæбæр сыгъдæг цард кодтой, сыгъдæгдзинад Нарыхъæуы фæзынд тынг рагæй.

Сæ мæнæу дæр кодтой æхсгæ, æнæ ’хсадæй мæнæу куыройы ничи æвгæдта.

Æвгъæддон устытæн дæр сæ бон цас уыди, уымæй сæ цардæн амæлттæ кодтой. Æвгъæддон сылгоймаг-иу мæйы бæрц фæбадти фæсвæд, кæд ног чындз уыдаид, уæд; æфсарм тыхджын кæй уыд, уымæ гæсгæ.

***

Уæллаг Нарыхъæу Къæберы хæдзармæ бацыдысты усæй, лæгæй, чызгæй, лæппуйæ. Æнхъæлмæ кæсынц, уæдæ Дæллаг Нарыхъæуæй цы хабар æрбайхъуысдзæн. Абæрæг кæнынмæ та хид нал баззад.

Лиайы дон йæ тæккæ дзагæй цæуы уыцы гыбаргыбургæнгæ. Уалынмæ Елберд хъæр кæны:

— Уæ Уæллаг хъæу, мæнæ Елберды хæдзар хæрз сæфт куы кæны!

Балаты Къæбер тынг бæрзонд лæг уыди, æмæ доны балæгæрста, абæрæг кæнон, зæгъгæ. Иугæр чындзы хабар хорз куы нал уыди, уæд та Къæбер фæстæмæ æрбалæгæрста, Хъугърионы йе ’ккой сæвæрдта æмæ йæ доны фаллаг фарсмæ тыххæйты бахæццæ кодта.

Ныр æхсæв афтæ мæйдар уыди, æмæ цæсты къух акæнæн нæ уыд. Арв гыбар-гыбур кæнын райдыдта. Къæбер-иу арвы ферттывдмæ фæкасти, фæндаг куыдæй ссарæм, зæгъгæ. Уалынмæ къæдзæхы сæрмæ куы бахæццæ сты, уæд сæм хъæдын цырагъ рахастой, фæлæ та-иу æй къæвда уайтагъд ахуыссын кодта.

Хъугърион ма бæргæ бахæццæ. Иу чысыл рæстæджы фæстæ лæппу райгуырди. Цæвиттон æй Хъугърион тыхамæлттæй аирвæзын кодта. Лæппуйæн ма чызг æмбал уыди, æмæ уый æнхъæл нал уыдысты Хъугърион дæр æмæ иннæ устытæ дæр, иугæр лæппуйы куы ауыдтой, уæд. Нар сæ кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг уадысты, къæвда дæр ма сæ кæм урæдта.

Гуыбаты уæздан чызг æфсæрмы куыд нæ кодта Нарыхъæуы устытæй, æмæ нымæтæй йæхи æрæмбæрзта. Фæлæ та фæстæмæ хъæр кæнын райдыдта, мæлын, зæгъгæ. Уæд ма, мæгуырæг, Хъугърион дæр бæргæ архайдта, фæлæ йын ницуал йæ бон баци, дзыназгæ рауай-бауай кодта:

— Уæ, Хуыцау нæ куыд ралгъыста — ай кæйдæр чызг мæлгæ куы кæны!

Сывæллоны райстой, фæлæ Гуыбаты чызг мæлыныл ныллæууыд.

Куыддæр æрбарухс, афтæ Гуыбатæм уæззау хабар хæссæг фесты Нары фæсивæд. Гуыбатæ сæ сæртæ хойгæ Нармæ рахæццæ сты.

— Ласгæ йæ кæнæм нæхимæ. Уайых æрбауат, Нарыхъæуы устытæ! Къуыри раздæр æй цæуылнæ æрбарвыстат?!

Иугæр сæ чызджы сæхимæ ласыныл куы ныллæууыдысты Гуыбатæ, уæд сын Нарыхъæу загътой:

— Нæ зиан у, æмæ нын æй нæхицæн уадзут. Æртæ азы дæргъы нæм фæцарди. Дыууæ хъæуæй дæр йæ сæр йæ ыстæн куы кодтам. Йæ тæрхон ахæм уыди йæ райгуырæн бонты. Бæстæ рафæлдæхт æмæ нал куырой баззад, нал хид. Цæмæн мæсты кæнут махмæ? Ахæм уæззау бæллæх бæргæ нæ фæндыд мах дæр, ахæм æнамонд хабармæ нæ куывтам.

Сынтыл куы æрæвæрдтой Гуыбианы, уæд иргъæвæг иргъæвын нал фæрæзта Хайыры:

— Ма аком, Гуыбаты уæздан чызг, цалынмæ Леуан æрцæуа, уæдмæ, æз, зæгъ, цæрынæй куы нæ бафсæстæн мæ сæры хицауимæ. Сау бон мыл куыд бакодта, мæнæ нæ кæйдæр уæздан мыггаджы чызг мæрдон куыд фæкодта. Дæдæй, Текъо, ныр нæ дзидзидай сабийæн цы кæндзыстæм? Дæдæй, сау бон нæ куыд æрбаййæфта — Нарыхъæуы уынгты дзидзигур зилдзыстæм, хæстæг Нары Къахырмæ та дзыназгæ кæндзыстæм. Дæдæй, мæнæ Елбердыл цæй мæгуыр бон бакодта! Дæдæй, сау бон мыл куыд бакодта, ныр уый Леуанмæ чи бадзурдзæн: хæдзархæлд дæ куы фæкодта Гуыбаты уæздан чызг. Дæдæй, Леуан, дæ цард агургæ фæци, уæ Леуан, цæрдудæй кæуинаг куы æрбадæ. Уæ, сау бон мын дæ кадджын æмæ намысджын сæрыл куыд ныккодта. Дæдæй, Леуан, дыккаг ус æгад æмæ æрады хос у. Уæуу, цæмæй тарстыстæм, уый нæ куыд баййæфта! Дæдæй фæкæнæм, Елберд æмæ-иу Къæбер кæрæдзийыл бакъул кæнæнт, ныр сæ сæртæ ставд лæдзæгæй хойгæ кæндзысты. Сар мын дæ сæр кæндзæн, Гуыбаты чызг, мах сын дæу фыддæрадæн сæ лæдзджытæ сæ къухтæй нæ райсдзыстæм. Къæберæн йæ хистæр чындз уæздан Осион йæ дæлдæр-уæлдæр сидзæрты уазал зымæджы кæугæйæ куы фæуагъта æмæ-иу æм куы ныккуыдтой: «Уæ Гыцци, мах та ма уæд кæмæн уадзыс, ныр цы фæуæм — уазал у, Гыцци». Дæдæй, Къæбер-иу йæ сæр ставд тулдз лæдзæгæй куы хоста. Уæ, боныкалдæй баззайæм, Хуыцау мæгуырæн тæригъæд нæ кæны, нæ, боныкалд æмæ дæ мæгуырæй куыд баззадыстæм. Дæдæй, дæдæй, ма аком быны сау мæрмæ æдзардæй. Уæ, дæ рæсугъд цæстытæ æмæ дæ рæсугъд æрфгуытæ сау мæрмæ хæссынмæ уæд цы æвгъау сты, додой, додой, дæ рæсугъд дæргъæй-дæргъмæ дзыккутæ. Дæдæй-додой, ныр дын дæ хъæлæсджын фæндырæн уæд цы кæнæм? Бавдæлæм, æмæ дын æй демæ бавæрæм. Дæдæй-додой, ныккæут, мæ уарзон адæмтæ, мæнæ уын цы кæуæн бонтæ скодта. Уæ, мауал мын чызджытæй фæуай, мауал мын чындзытæй фæуай, рæсугъд Марине, дæ цæстæй ракæсыны бон дæ мауал фæуа. Уæ, дæ хъæбулы дæ дæлармы бын бакодтай æмæ йæ сау мæрмæ гæбазгай демæ хæссыс. Æфсæрмыгæнаг куы уыдтæ, уæд æй Нарыхъæуы кадджын æмæ намысджын зæронд лæгтæм, быны сау мæры чи ис, уыдоны размæ йæ куыд бахæсдзынæ? Уæ, мæгуыры бон ныл куыд ныккодта, ныр Гуыбатæн цы зæгъдзыстæм: дыууæ мыггаджы кæрæдзийæ уазал хицæн куыд акодтай, уазал бон ныл дæ мæрдæй бакодта. Хорз хай нæ фæхæссыс быны быууатмæ, бахъомыл-иу æй кæн, дæ дæлармы бын кæй хæссыс, уыцы хъæбулы. Дæдæй-додой, дæдæй-додой, ма аком быны быууатмæ, быны быууаты дзидзидайтæн сæ кæмттæ хус фæкæнынц. Тæхуды æмæ, дам, уыцы быны быууаты къæвдайы бæсты æхсыр куы ныууарид, кæд, дам, дзы, мыййаг, дзидзийы мондагæн йæ ком хус кæмæн фæкæны, уыдон æхсырæй бафсæдиккой. Уæдæ, дам, уыцы быны быууаты миты бæсты та сæкæр куы ныууарид, кæд, дам, дзы, мыййаг, бафæлмæн кæниккой уæд æххормаг æмæ стонг мæрдтæ сæ кæмттæ. Уæдæ, дам, дзы хордийы[3] бæсты кæрдзынтæ куы раласид къæвда, кæд, дам, дзы æххормаг мæрдтæ хæрынæй бафсæдиккой: уыцы быны быууаты бирæ æнæхицау, дзæгъæл мæрдтæ ис. Ныр дæм Нарыхъæуы зæронд устытæ æмæ зæронд лæгтæ сæ микæнинæгтæ хæсгæ кæндзысты; сар мын дæ уæздан сæр кæндзæн: æфсæрмыгæнаг уыдтæ æмæ дын иу чысыл рæстæг дæр сулæфæн нæ уыдзæн. Дæдæй, сау бон ныл ныккæна, уæдæ дæм чындздзон чызджытæ æмæ усгур лæппутæ та фæндырмæ цæудзысты æмæ-иу сын зæрдиагон цæгъдтытæ акæн, бахъæлдзæг-иу сæ кæн. Дæдæй-додой, мæнæ нын цæй уæззау бон бавзарын кодтай, демæ цæрынæй ма бафсæдæм. Ныр Леуан куыд уыдзæн дæ фæстæ? Махæн Леуан ус курын дæр нал бакомдзæн. Дæдæй, Леуан, Гуыбатæй уазал хицæн куы адæ, бирæ сæ куы уарзтай. Ныр дæ кæугæ авдæнмæ куы æрбакæсай, уæд дæ цæстытæ фæсдуармæ ацараздзынæ: «Уæдæ ацы сывæллонæн йæ мад кæм ис?» Уæ, сау бон ныл бакæна — Хæстæг Нарыхъæуы уæлмæрдтæм фæцыди, мауал дзы рахъаст кæн. Цæй, ныр нын нæ фæдзæхстытæ уæздан Осионмæ фæхæццæ кæн: дæдæй-додой, зæгъ, фæкæнæм дæ фæстæ, дæ дæлдæр-уæлдæр байрæзинаг сабиты, зæгъ, уазал зымæджы куы фæуагътай, уæ, де ’гæр, зæгъ, фæкалай, хур, зæгъ, сæ тæригъæдæй тары куы баныгъуылы, уæд дæ сау мæры фидар дуæрттæ цæмæннæ скалыс? Дæдæй, зæгъ, Хуыцау хъулон Хуыцау у, Хуыцау, зæгъ, мæгуырæн тæригъæд куы кæнид, уæд, зæгъ, аст сывæллоны мады удхæссæгæн нæ ахæссын кодтаид. Дæдæй, уыдон, дам, уазал митыл куы сбадынц бынтон бæгъæввæдтæй, сæ къæхтæ фæхъарм кæнынц, уазал митæй мады мондæгтæ агурынц: «Уæ Гыцци, кæм дæ?»

Дæдæй-дæдæй, Гуыбаты чызг, ныр дæ дзидзидайы уæд кæуыл афæдзæхстай, кæцы йын мадиуæг бакæндзæн? Дæдæй, Хъугърион, уый дæр та дæуæн сагъæссаг уыдзæн: афæдзуæнгты йæ кæд Бекатæ бахъомыл кæниккой — Чендзейæн Хуыцау арфæ ракæнæд, сидзæрæн йæ ком хус кæнын нæ бауадздзæн. Уæ Гуыбаты чызг, ма аком быны быууатмæ! Бæргæ, зæгъ, нæ акуымдтаин, фæлæ, зæгъ, удхæссæгæн йæ бон бирæ у. Дæдæй-додой, дæдæй, ныр дын Нарыхъæуы чызджытæ æмæ лæппутæ дæ хорздзинæдтæ цæмæй бафидой? Дæдæй, тæрсгæ ма кæн, рох сæ нæ уыдзынæ: афæдзæй-афæдзмæ дыл сау фæдардзысты. Дæдæй, сау бон дыл дæлмæрдæй бакæнæд, махмæ дæуæй уæздандæр чызг куы нæ æрцыди, цæрынæй-хæрынмæ нæ никæд ферох уыдзынæ. Ныр мауал фæстиат кæн — сау мæр дæм йæ дуар куы байгом кодта. Бон хæрз цыбыр у, мæрдты фæндаг та, дам, æгæр даргъ у. Уæ, сау бон Леуаныл куыд бакодта, иу чысыл рæстæг дыл куы нæ æууæндыд, изæрæй, дам-иу æй иунæгæй ма уадзут. Ныр куыд араст кæндзынæ, мыййаг-иу дыл куы баталынг уа, уæд цы кæндзынæ, кæм бахсæвиуат кæндзынæ? Дæ кæугæ сабийы дæ дæлармы фæхæссай, дæ æлгъитæджы æлгъыст мын дæ сæрыл куыд æрцыди! Марадзут-ма, кæстæртæ, дæлæ ставд лæдзæгæй сæ сæртæ цы зæронд лæгтæ хойынц, уыдон-ма феной сæ уæздан чындзы, фæсайдта сæ чындзæй. Уæ Гуыбаты чызг, фæсмон кæндзынæ, дæ ног бинонтимæ цæрынæй ма бафсæдай, мæнæ сын цæй зын скодтай — хуры цæст Елберд æмæ Къæберы тæригъæдæй тар куы кæны. Мæгуыры бон дæ ныййарæгыл куыд бакодта, йæ иунæг чызджы сау мæрмæ æрвиты. Дæдæй, уарзон адæмтæ, йæ уарзон чындзы быны сау мæрмæ мачи арвитæд, дæдæй-додой, дæдæй-додой, Елберды хæдзары æмбисонд макæуыл æрцæуæд. Дæдæй-додой, ныр саби куыд кæуы, Елберд дæр афтæ кæудзæн. Уæ, фæстаджы фæсмонгонд куыд фæдæ, йæ зæронд æфсин, цæмæннæ йæ ауагътай, йæ мой йæ куы кодта, уæд — ныр цæрдудæй дæхи хæргæ баззадтæ. Æнхъæлдæн æмæ дæ чындзыл дардмæ нæ баууæндыдтæ, фæлæ йыл ныр сау мæрмæ уæд куыд лæудзынæ? Дæдæй-дæдæй, Нарыхъæуы æхсæн дæ хæдзар куыд æрбайхæлди. Леуанимæ йæ куы нæ ауагътай, ныр æй сау мæрмæ дæр ма ауадз, нырма, зæгъ, мах нæ чындзимæ цæрынæй куы нæ бафсæстыстæм. Нæ, нæ, мауал æй фæстиат кæнут уæ уæздан чындзы, кæннод уын ахсæв — сар уæ мæрдты къона кæндзæн — дуармæ уын, мыййаг, куы баззайа. Дæдæй, Елберд, дæ чындзыл ахсæв дуармæ куыд баууæнддзынæ? Кæм дæ, Леуан, боныкалд куы фестæм, кæм дæ, Хъазыбег, мæнæ Гуыбаты чызг сау мæрмæ цæуæг куы фæци, уæззау бон уыл куы бакодта, уæздан Гуыбатæй уазалæй куы аззадыстут. Дæдæдæй, дæдæдæй, Гуыбаты чызг, ныр дæ бынатмæ цингæнгæ цы чызг æруайа зæвæтуæзæй, дæдæй-додой, дæ ингæны къæйтæ-иу хæрдмæ скал. Дæдæй, мæрдты бæстæм бацæуæн ис, фæлæ дзы фæстæмæ рацæуæнтæ нал вæййы. Дæдæй-додой, мæрдты æфсæн дуæрттæ байгом кæнынæн дæ бон ницы бауыдзæн, уым бирæ дæу хуызон тæригъæддаг æмæ æдзард чындзытæ ис, чи йæ кæугæ сабиты мысы, чи та йæ дзидзидай сабийыл тыхсы: «Афонмæ кæд мад агуры». Дæдæй-дæдæй, чи та уæд йæ æмкъайыл фæмæт кæны: «Йемæ цæрынæй нæ бафсæстæн». Дæдæй-додой, чи та уæд уарзон бинонтыл фæмæт кæны. Дæдæй-додой, дæдæй, тынгдæр дæу хуызон дзидзидайты чи фæуадзы, уыдон къулбæрзæйтæй фæкæсынц мæрдты хицау Барастыр æмæ уæд Чырыстимæ: кæд нын, мыййаг, фæтæригъæд кæнид æмæ нæ ауадзид уæлион дунемæ. Дæдæй-дæдæй, бирæ къултæ фæкæндзынæ дуаргæс Аминонмæ: «Ауадз мæ, ауадз, мæ саби дзидзийæ нæ бафсæсти». Дæдæй-дæдæй, Марине, сау бон бакæнæд дæ сонт сæрыл. Дæдæй фæуæд Леуан — йæ кæугæ авдæны сывæллонмæ искæй хæдзармæ чи кæсдзæн. Дæдæй-додой, Леуан, дæ фыны æнхъæл цы уæззаудзинад нæ уыдтæ, уыцы уæззау хъуыддаг куыд бавзæрстай. Нæй гæнæн, уæздан лæг фидар фæлæууы зындзинады мидæг: Гуыбаты чызгимæ цæрынæй ма бафсæдай, уæ кæрæдзийы уындмæ уæ былыцъæрттæ дæндагæй æхсынгæ баззайат; сау мæр уæ ахицæн кодта, сау бон бакæнæд уæ тæригъæдæй æнæхатыр удхæссæгыл. Ныр ацу, нал дæ уромæм: бон хæрз цыбыр у æмæ дын тæрсгæ кæнæм, дæдæй-дæдæй, додой-додой.

Гуыбаты чызджы бавæрдтой Нарыхъæуы уæлмæрды. Нарыхъæуы фæсивæд — чызгæй, лæппуйæ — сау ныккодтой. Сывæллоны Дзапарты Чендземæ бахастой.

II

Сывæллонæн йæ мæй йæхи куыддæр фæци, афтæ Нар сæ ныхасмæ æрæмбырд сты, фæлæ, мæгуырæг, Леуаны фыд Елберд ныхасмæ нæма цыди. Уæдæ Къæбер дæр афтæ. Къæбер-иу Елберды Уæллаг Нармæ бакодта:

— Æдзух кæугæ ма кæн, мæ уарзон æфсымæр. Ды куы амæлай, уæд æз дæ фæстæ къуырийы фаг дæр нал суыдзынæн. Айдагъ дæхиуыл ма мæт кæн. Æз дæр хъæбæр фæрыстæн Гуыбаты уæздан чызгыл. Дысон мæ хуыссæны фæкуыдтон. Чындзæхсæвы рæстæг Хъазыбег æмæ Гуыбаты чызджы куыд акафын кодтой, уый мæ зæрдыл æрбалæууыди. Фыдæй фыртмæ дæр Гоцъитæм цæстгæнаг нæ уыди, фæлæ мæм цыма мæ зæрдæ афтæ сдзырдта: «Нæ фæцæрдзæни».

Елберд зæрдæбынæй ныуулæфыд:

— Мæ къæхтæ мын-иу хъарм донæй куы æхсадта, уæд ахæм арæхстджынæй æвнæлдта, æмæ-иу мæ зæрдæйы дуар фегом. Иу хатт та уæлæ Засыхы куывдæй нозтджынæй æрцыдтæн, ды уыцы бон цуаны уыдтæ. Нæ дуармæ куы æрхæццæ дæн, уæд мæхи къæдзæхыл бакъул кодтон æмæ афынæй дæн. Ног чындзæй искæд ма æфсæрмы дæр куыннæ кодтон. Хæдзарæй иу каст ракодта æмæ та фæстæмæ бауад. Æз кæд къæдзæхыл мæхи бакъул кодтон, уæддæр æххæст фынæй нæ уыдтæн. Гуыбаты чызг ай-уый нал фæкодта, фæлæ мæнæ сывæллоны куыд фелвасай, афтæ мæ фелвæста æмæ мæ хæдзармæ баскъæфта. Сынтæгыл мæ æрбадын кодта, куырæтæй, цухъхъайæ — сæ æгънæджытæ сын иу цæсты фæкастмæ феуæгъд кодта æмæ мæ æрхуыссын кодта. Домбай сылгоймаг дæр уыди. Бæрæг уыд, ахæм цæринаг кæй нæ вæййы, уый. Куы фæцардаид, уæд ма Елберды хæдзармæ дымгæ кæнæ къæвда æввахс дæр куыд æрбауæндыдаиккой. Хуыцауæн цы загъдæуа, цы йын кодтон, нæ зонын. Мæ фыды кувгæ æрæййæфтон, уæдæ мæ фыды фыды дæр.

— Мауал маст кæн дæхицæн. Æз æмæ ды уæлæ Нарыхъæуы уæлмæрдты нæхицæн ингæнтæ куы скъахæм, уæд дæр нал райгас уыдзæн.

Къæбер æмæ Елбердмæ Нар сæ ныхасмæ фæдзырдтой:

— Чи амард, уый рухсаг уæд. Хъугърион иу цалдæр хатты ской кодта: «Нæ хицæуттæ, уæ сидзæр сабийыл ном сæвæрын хъæуы. Уæдæ куывдæн дæр цæй æнæ скæнгæ ис. Леуаны сæр дæр нымайын хъæуы. Нæ хицæуттæн хъуамæ æдзух сæ хъусы гукк кæнай, кæннод уыцы зæхмæ хъусгæйæ лæууынц». Бирæ уæззау бæллæхтæ æрцæуы. Хуыцауæн мах амонын кæм хъæуы — мард дæр Хуыцау скодта æмæ дзуар дæр. Æмбисондæн уый баззади — Хуыцауы иунæг лæппуйы, дам, дзуттытæ къулыл фидар зæгæлтæй ныкъкъуырдтой, æмæ Хуыцау адæмы сафгæ хъуамæ фæкодтаид? Кæнæ ма-иу афтæ дæр хъуыстам: Хурæн иунæг лæппу уыди æмæ йын æй Куырдалæгон цæхæры баппæрста. Авд азы, дам, Хур нал ракасти, аууоны бацыд. Фæлæ адæм, мæ хуртæ, афтæ фесафгæ нæ уыдысты, хур дæр та ракаст, мæй дæр. Цæрæг удæн æнæ афтæ цæрæн кæцæй ис? Хуыцау, хатыр бакæн, фæлæ уæ сидзæр сывæллонæн куывд скæнут. Къæбер æмæ Елбердæн дæр æгъгъæд фæуæд сау дарын. Махæн дæр æнцон кæм уыдаид, фæлæ, Хъугърионы загъдау, цардæн ис аивтæ, æмæ уыцы аивтæ аразын хъæуы. Гуыбаты хæрæфырт æнæ мадæй кæй баззад, уый йын æгъгъæд фæуæд.

Æртæ къуырийы æмгъуыдæй кодтой особайы заманты мардæн æртыбоныг, кæнæ-иу æй дыууæ къуыримæ дæр ахицæн кодтой. Фæлæ Гуыбаты чызгæн йæ æртыбоныг æртæ къуыримæ хицæнгонд æрцыди, уымæн, æмæ сидзæр сабийæн авдæнбæттæн дæр нæма скодтой.

Елберд æмæ Къæбер дæр бацыдысты ныхасмæ. Нар иннæ хæттытау хъисфæндырæй нæ цагътой, фæлæ сыл цыма тæдзгæ кодта, уыйау æнкъардæй бадынц.

Къæбер арфæгæнгæ бацыди:

— Фарн уæ ныхасы уæд, Нарыхъæу, уæ зынтæ абонæй фæстæмæ цинтæй куыд иват.

Æрбадтысты.

— Уæ хъæбатыр æмæ домбай Гоцъитæ, уæ сидзæр лæппуйæн æгъгъæд фæуæд æнæ номæй. Сабæттаг нæу, Хуыцауы буц лæвар у. Сабаты гуырдæн, дам, афæдзмæ куывд нæ фæкæнынц. Махæн нæ лæппу цыппæрæмæхсæв куы райгуырди.

Нар сæ ныхасы бауынаффæ кодтой, сæ æхсæны фæллойæ куывд куыд скæной.

Уæлвæз быдыры бæрзонд хохыл уыди Хуыцауы аргъуан, æмæ йæм Нар хастой лæппу сывæллæтты, чызгыл та аргъуыдтой, Нары дзуары бын цы аргъуан уыди, уым.

Куыннæ срæвдз кодтаиккой Нар, сæ куывдæн цы хъуыди, уыдон. Сау зыгъар гал уыди сæ æхсæны фæллойы, æмæ йæ хъуамæ сæ сидзæр лæппуйæн Хуыцауы аргъуаны бын аргæвдой. Галы сыкъатыл зæлдаг синаг бабастой фидар:

— Барст фæуæд!

Æртæ æртæдзыхоны-иу скæнын кодтой æнæ моймæдзыд чызгæн — барстдæр фæуа.

Нарæн уыцы заманты сауджын сæхицæй нæма уыди, фæлæ Хуыцауы аргъуаны уыди бердзенаг сауджын. Сидзæрыл ном дæр уыцы сауджын сæвæрдта. Къоста ном тынг сæ зæрдæмæ фæцыд Нарæн.

— Кæд æнæ мадæй баззадтæ, Къоста, уæддæр амондимæ бахъомыл у. Леуаны худ-иу хæсс, дæ æхсæзæймаг фыды фыд Гоцъийы номæй хайджын куыд фæуай, йæ домбай тыхæй дæм фаг куыд æрцæуа! Хетæгау дæм зæдтæ æмæ дауджытæ æргом куыд цæуой! Зондæй къæдзæх куыд уай! Дæ амонд къуыбырыл куыд нæ барай, фæлæ йæ уæлæ бæрзонд хохыл куыд барай! Нары хæхтæй уæлæ Лиайы хохæй бæрзонддæр æмæ кадджындæр хох нæй — Лиайы хохыл нымад æрцу! Цалынмæ Лиайы хох йæ бынат ива, уæдмæ дæ кой, дæ ном дæ уарзон адæмтæ куыд кæной!

Æртæ хатты йæ заробайыл æрзилын кодтой, аргъуыды доны йæ цынадтой. Дзуар ыл сауджын йæхæдæг бакодта, сыгъдæг сызгъæрин дзуар.

— Ацы дзуар æз лæвар кæнын ацы сидзæр лæппуйæн, йæ кад, йæ кой сызгъæринæй кадджындæр куыд уа! Амондджын гуырд, амондджын æмæ амондджын! Нар, уæ кой, уæ ном уын хæссын куыд фæраза!

Нар сæ куывд фондз бонмæ нæ райхæлдтой. Хуынд уазджытæ сæм уыд суанг Урстуалтæй — Томайтæ, Леуанæн дзы зонгæтæ бирæ уыди. Сыгъдæг æнгузæй æртæ къæссайы сæ тæккæ дзагæй рахастой. Уæдæ Джыккайтæ дæр нæл фыс раластой Къостайы цæрæнбонæн. Уæдæ дзы суанг дæлæ Уæлладжырæй дæр уыди хуынд уазджытæ.

Особайы заманты лæппуйæн тынг стыр кад лæвæрдтой. Лæппу райгуырд, уæд уымæй диссагдæр цавæр хорздзинад хъуамæ æрцыдаид мыггаджы æхсæн.

Кæд фæззæг дæр фæзæндар[4] рагацау æркодта, уæддæр фæрæстæг кодта. Æххæст стыр Джиуæргуыбатæ нæма ралæууыдысты, уымæй размæ мит дæр рауарыд. Фæлæ фæззæг диссаджы хуртæ фæкодта. Кæрдæг дæр фæцъæхгонд ис, Нарыхъæуæн цыма фæззæг тæригъæд фæкодта: агъæц, æгæр раджы райдыдтон мæ зымæгон æгъдæуттæ æмæ ныр ногбонмæ мæ хур кæсын нал ныууадздзынæн.

Нарæн сæ кувæндоны уыд стыр æрхуы аг. Уыцы аг, дам, Хетæгæн балæвар кодта Нартубыр. Уæдæ дзы сыгъдæг сызгъæрин тынтæ дæр куыннæ уыдаид. Уыдон иууылдæр æвæрд уыдысты Хуыцауы аргъуаны. Суанг ма дзы уыди сызгъæрин лæдзæг дæр.

Сæрд уырдæм бакæсынæй диссагдæр цы уыдаид: адæмтæ-иу цæуынтæ байдыдтой. Уæллаг Æрчъигæнæнмæ-иу куы ссыдысты, уæд-иу уырдыгæй кастысты чызджытæ. Устытæн Уæллаг Æрчъигæнæнмæ дæр цæуыны бар нæ уыди.

Хуыцауы аргъуанмæ сылгоймагæн фæцæуыны бар нæ уыди. Фæлæ-иу лæппуйыл сауджын куы аргъуыдта, уæд ын мад дæр хъуыди. Къостайæн мад скодтой Хъугърионы.

Сидзæрæн йæ ном сæвæрæг сауджын куы марди, уæд дæр йæ мæлæты размæ Къостайы æрцагуырдта:

— Сыгъдæгзæрдæ сывæллон у æмæ-иу сахуыр кæнæд сауджыныл.

***

Мæгуырау каст нæ уыди Къостамæ Бекатæм. Чендзе хорз рæвдыдта Къостайы, фæлæ йæ Хъугърион дæр арæх бæрæг кодта.

Къоста райдианты тынг мæллæг хæссаг уыд, фервæзын æнхъæл дæр ын ничи уыди. Фæлæ Хъугърион æдзухдæр афтæ дзураг уыди:

— Ма йын тæрсут, æнæсахъат сывæллон у. Фыд æрхæцгæ у, æмæ йæ æхсæз мæйы йæхи куы фæуой, уæд æм кæсгæ кæндзыстут, кæддæра дзы цавæр сывæллон рауаид.

Æмæ нæ фæрæдыд: куыддæр Къостайæн йæ фараст мæйы йæхи фесты, афтæ къахæй ауад. Уæдæ мæллæг дæр нал уыд. Уайтагъд дзурын дæр базыдта. Нары лæгтæ-иу æй æдзухдæр ныхасмæ æрбахæссын кодтой æмæ-иу æй раст сызгъæрин портиау хæрдмæ æппæрстой, сæ къухыл-иу æй слæууын кодтой.

Æрмæст йæ фондз мæйы йæхи куы фесты, уæд дзидзи нал куымдта. Чендзейы æфсин Бека дæр æмæ иннæ бинонтæ дæр тынг æфсæрмы кодтой. Уæд иу бон Чендзе афтæ зæгъы:

— Ацы сывæллон дзидзимæ хæстæг нал цæуы, фæлæ æдзух йæ хистæр æнгуылдз йæ дзыхы дары æмæ йæ кæд кæны дæйгæ. Мыййаг ыл исты куы æрцæуа, не ’фсин, уæд мæн æфсон фæуыдзæн. Нæ зонын, нырмæ йæ тынг хорз дадта. Кæд мæ зæрдæмæ исты хæссын, уæд мын чи ис, уыдон мауал фæцæрæнт.

— Цытæ дзурыс, дæ хойы хъæбулæн дæ цæст исты мæгуырдзинад куыд бауарздзæн!

Уæд иу бон ныхасмæ ныхасхæссæг фæци: Дзапарты бинонтæ уæззау сагъæсы бацыдысты. Ныхасы лæгтæ хорзау нал фесты.

— Хуыцау, табу дæхицæн, ацы сидзæр сывæллоны тæригъæдмæ нæ ма бакæсын кæн. Кæд исты аххосæй афтæ кæны, уæд дæр æй Къæбер æмæ Елбердæн ма зæгъут, фыр мæтæй зæрдæдихтæ фæуыдзысты. Уæддæр хæргæ цы кæны, æххормагæй кæдмæ йæ бон бауыдзæн?

— Цымгæгонд ын адарæм, фæлæ йæ бон цас цæуы. Мæнæ-мæнæ хорз æй нæ хæры, æмæ уæ сывæллоныл исты куы æрцæуа, уæд Бекаты аххос цæмæн фæуа?

— Нары бæрзонд Уастырджийыл уын фæдзæхст фæуæд. Бас, дам, кæй басудзы, уый йæ донæн дæр фу фæкæны.

— Раст зæгъын хъæуы, кæуаг сывæллон нæу, сабыр у. Райдианты-иу кæугæ дæр акодта, фæлæ ныр уыцы сабырæй фæфынæй кæны. Йæ хистæр æнгуылдз йæ дзыхы бакæны, афтæмæй уыцы æнцадæй фæкæсы авдæнæй.

Куыннæ сын уыдаид ныхасы лæгтæн дæр зын.

— Хъугърион дæр та уæдмæ кæд фæзынид. Дæлæ Мæздæгмæ балцы фæцыд, йæ æфсымæр уæззау рынчын у. Кæд рæхджы нæ фæзына, уæд æм искæй арвитын хъæудзæн ацы сывæллоны тыххæй. Кæннод, кæйдæр загъдау, кæдмæ цæрдзæн, йæ æнгуылдзы æвджид æй куы ныууадзæм, уæд?

Уæдмæ Хъугърион дæр æрбахæццæ. Йæ хæдзары бадгæ дæр нæма æркодта, афтæ Къостамæ цæуынмæ фæци. Цыдæр дзаумæттæ йын хæсгæ дæр æрбакодта, хъазæнтæ.

— Адон мæ сидзæр мæллæг æмæ цæрдæг лæппуйæн æрбахастон. Мысгæ дæр æй хъæбæр кодтон.

Бекатæ Хъугърионæн Къостайы хабар куы ракодтой, уæд афтæ зæгъы:

— Уый мæ быгъдуан фæуæд. Уымæй йын бæргæ тæссаг нæу.

Къостайæн зады хъæрмхуыпп фыцын байдыдтой, ноджы ма йыл стад сæгъы фиу кодтой. Сывæллонæн æвдадзы хос фæци. Бон дзы-иу цалдæр агуывзæйы бацъырдта.

Иугæр къахыл цæуынхъом куы фæци, уæд Дзапартæ загътой:

— Цыфæнды дæр ма уæд, куыдфæнды дæр ма уæд, уæддæр чи кæмæй у, уымæй у. Исты йыл куы æрцæуа, уæд мах азым цæмæн хъуамæ фæуæм? Сывæллон иугæр къахæй цæуынхъом куы фæуа, уæд зындæр хъахъхъæнæн у.

Къоста уыд тынг цæрдæг сывæллон æмæ-иу кæуылты рауад, уый зонгæ дæр нæ бакодтой, хаугæ дæр иу хауд æмæ дыууæ хауды, мыййаг, нæ ракодта. Хорз, æмæ Бекатæн сæ хæдзар афтæ бæрзонд нæ уыд. Фæлæ Хъугърион тынг бæрзонд ран царди. Йæ хæдзар уыди Уæллаг Нарæн сæ мæсыджы тæккæ рæбын иу бæрзонд къæдзæхыл арæзт, æмæ йæм уыд нарæг фæндаг. Сæр дзы зилгæ кодта, ахæм бæрзонд къæдзæх уыди. Аннæмæй та фæндаг уыди рахауынмæ тæссаг: дыууæ адæймаджы дзы нæ бацыдаиккой фæрсæй-фæрстæм.

Ныхасы лæгтæ иу æмæ дыууæ хатты дзурæг нæ уыдысты:

— Худинаг у Бекатæй — сывæллон зын хъахъхъæнæн у. Кæд мады хо у, уæддæр.

Раст зæгъын хъæуы, хъæбæр уæздан разынди Чендзе, фæхъомыл кодта Къостайы. Æнцон архайæн кæм уыдаид дыууæ дзидзидай сывæллонимæ, кæм февнæлд дæр хъуыди, кæм хуым кæрдын дæр. Хуыммæ-иу авдæнтæ дæр ахаста.

III

Æртæ азы фæцарди Къоста Бекатæм. Æртæ азы куыддæр йæхи фесты, афтæ Елберд æмæ Къæбер бацыдысты Дзапартæм. Стыр арфæтæ куыннæ ракодтаиккой Туаты чызгæн Елберд æмæ Къæбер. Бекайæн балæвар кодтой Нары хъугомæй номы хуым.

— Сывæллон зын хъомылгæнæн у, — загъта Къæбер. — Æртæ азы æртæ боны не сты, мыййаг, æмæ мах хъуамæ ацы хорздзинад ма ферох кæнæм.

Елберд æмæ Къæбер иугæр Къостайы хæссыныл куы ныллæууыдысты, уæд Чендзе йæ æфсинмæ бацыди, мæнæ Елберд йæ лæппуйы хæсгæ кæны, зæгъгæ. Бырнацты чызг уыди Чендзейы æфсин Бека. Бырнацон загъта:

— Уæ фæхъхъау фæуон, мæнæ дыууæ лæджы, кæд æмæ йæ бахъахъхъæндзыстут, уæд æй ахæссут. Хуыцау æй ахæм амондджын скæнæд, æмæ йæ кой дардыл куыд айхъуыса, раст дзы Мамиаты Хъарадзауы хуызæн кадджын лæг куыд рауайа. Хуры хуызæн сывæллон у. Кæд æй мæхи байрæзинагæй хуыздæр нæ рæвдыдтон, уæд мын мауал схъомыл уæд.

— Цæмæн сомы кæныс, зонæм æй...

— Уæлдай тынгдæр мын ацы сывæллон мæ зæрдæ фæриссын кодта, йæ мады мад куы фесæфти, уæд.

Цæвиттон, Къостайæн йæ мады мад авдæны дзаумæттæ барæвдз кодта. Джинатæй рацæйцыди, сывæллоны абæрæг кæнон, зæгъгæ, æмæ йæ раст Камахы бын зæй фæласта. Йæ бинонтæ цæмæй хæйрæг уыдысты, æмæ зæронд ус Нармæ нæ фæхæццæ: æртæ æхсæвы зæйы бын фæци.

— Рухсаг уæд, мæгуырæг, мæ чындзы мад хорз ус уыди, фæлæ тæрхонгæнæг цы стæрхон кæна, уымæй чи аирвæздзæн? Сывæллон дæсны вæййы. Уыцы æртæ æхсæвы Къоста фынæй нал кодта, йæ хъæрæй хæдзары бацæуæн нал уыди. Мæнæ диссаг, кæд, зæгъын, йæ гуыбын риссы, фæлæ та-иу афынæй. Уæд иу æхсæв йæ къухтæ райхæлдта æмæ, мæнæ хорз æмбаргæ лæг йæ уæззау судзаг фыдыл куы æрæнкъард уа, уыйау фынæй кæны уыцы бæрзæйкъулæй, йæ чысыл къухтæ йæ хъуыры рæбын батымбыл кодта. Æз иу афон рабадтæн, сывæллоны, зæгъын, куы асгарин: кæд, мыййаг, йæ къухтæ райхæлдта, уæд суазал уыдзæни. Уыцы æнкъардæй йæ куы ауыдтон, уæд афтæ зæгъын: «Уæ дæ ныййарæг амæла, æмæ дæ ныййарæг дæр куы амарди». Къул бахостон — мæнæ цы диссæгтæ ис. Чындз æрбауад æмæ йæм куы ныккаст, уæд ын уый дæр куыннæ фæтæригъæд кодтаид. «Мæнæ диссаг, не ’фсин, цымæ цæмæн афтæ къулбæрзæйæ фынæй кæндзæн?» Уалынмæ райсомæй нæ чындзы æфсымæр æрбацыди: «Нана ардæм нæ рахæццæ?» Раст марды хуызæн фестæм. Мæнæ диссаг, мæнæ цæй уæззау бæллæхтæ цæуы ацы сывæллоны райгуырды фæстæ.

Елберд æмæ Къæбер сывæллоны рахастой.

Къостайы уындæй хуры рухс тынтæ куыннæ бакастаиккой Елберды æнкъард хæдзармæ. Сывæллоны йæ куыстуатмæ дæр хаста йе ’ккойы. Елберд-иу хъæдмæ куы цыди, уæд дæр, абабау, Къоста хæдзары ма фæлæууа: хъæлæсыдзагæй-иу цъæхахст кодта, æз дæр цæуын, зæгъгæ. Суанг ма-иу рады хъомгæс куы цыди, уæд дæр-иу æй ахаста йе ’ккойы. Куывдмæ, хистмæ дæр æй хаста йе ’ккойы. Никæдæм куымдта Къоста йæ фыды фыдæй:

— Дада мæн у, æз æй никæмæн ратдзынæн. Мæнæн мæ Дада хорз у. Дада мæнæн хистæй дæр æмæ куывдæй дæр хæйттæ æрбахæссы.

Къостайы райгуырæн хæдзар арæзт уыди бæрзонд къæдзæхыл, йæ бынмæ — Захъагомы дон. Уыцы гуылфæй йæхи дуртæ æмæ къæдзæхтыл хоста. Сæрдæй, зымæгæй Захъагомы доны хъæрæй Дæллаг Нары адæмæн сæ хъустæ къуырма кодтой. Иуæй, ивылгæ дон уыди, аннæмæй та йын къæдзæхтæ фæндаг нæ лæвæрдтой.

Къоста хæдзары кæм бадтаид. Иугæр Уæллаг Нармæ цæуынхъом куы фæци, уæд æй Дæллаг Нары æлхæнынмæ дæр ничиуал ардта.

Елберд-иу Уæллаг Нармæ æрбацæуаг уыди æмæ-иу Къæберы афарста:

— Нæ гуырд ам ис?

— Мидæмæ рауай, мæнæ не ’фсин замманайы карз арахъ куы рауагъта. Хæргæ дæр акæнæм, фæйнæ дæр аназæм. Æз ма дæм мæхæдæг цæуинаг уыдтæн. Лæппуйæн цæмæй тæрсыс? Мæнæ мах мæлинагимæ хъазынц. Хуыцауæй дæ бауырнæд, кæд абон райсомæй сæ зардмæ нæ райхъал дæн. Раст чындзхæсджытæ куыд зарой, афтæ ныззарыдысты. Мæ зæрдæйы кæрон дæр не ’рлæууыд, уыдон афтæ зардзысты, уый, фæлæ не ’фсины афарстон: «Дæ хорзæхæй, æфсин, уыцы диссаджы зард кæцæй хъуысы?» Мæнæ, дам, нæхи хæдзарæй. Къоста æмæ, дам, йе ’мбал зарынц.

Цалынмæ скъоламæ бацыдысты, уæдмæ сæ куыд фæндыд, афтæ хъæлдзæгæй æрвыстой сæ цард Къоста æмæ Къæберы фырт Дауыт. Фæлæ иугæр ахуыр кæнын куы райдыдтой, уæд сын ахæм уæгъдибар цæуæнтæ нал уыд.

IV

Бинонтæй хæдзары ничи уыд, сæрвæтмæ фæцыдысты ссивынмæ, тæккæ куыстафон уыди.

Къоста хæдзары фынæй кодта. Елберд сабийы йæ æрвадыл баф&aeli


Понравилась статья? Добавь ее в закладку (CTRL+D) и не забудь поделиться с друзьями:  



double arrow
Сейчас читают про: