Сакъадахыл

В те дни, когда в садах лицея

Я безмятежно расцветал...

Ахуыр кодтон цыппар гимназы, реалон училищæйы, кадетты корпусы æмæ, æппынфæстаг, Парижы университеты, — фæлæ дзы иу ран дæр, мæнæ мин фарастсæдæ дыууын дыккæгæм азы Константинополы цы ’нахуыр æмæ хæдхуыз скъоламæ бацыдтæн, уæд та иу чысыл уый æнгæсæнтæ чи уыдаид, ахæм ахуырдоныл никуы сæмбæлдтæн; диссаг æмæ æнæраздахгæ рæстæг — æмхуызон гæнæнтæ дын цыма уыд алæцæмæн дæр: Америкæмæ ацæуынæн дæр æмæ, Шехерезадæйы аргъæутты куыд у, афтæ туркаг кæсагахсæгæй агæпп ласынæн дæр, науæд та бритайнаг æфсады салдатæй, науæд та Голландийы сыл-паддзахы дæлдæрæй. Нæ хъысмæты алцыдæр халыл хæцыд, куыд уыдзæн-цы уыдзæн, сомбон нæм цы ’нхъæлмæ кæсы, уый дын бæрæг бæлвырдæй ничи загътаид; чи нæ цы хуызы амал кодта царды фæрæзтæ, чи цы хуызы — афтæмæй та-иу, исты бафта лæджы къухы, уый æнхъæл никуы уыдаис. Зæгъæм, мæ иу зонгæ, музыкæйæн дæр ницы ’мбæрста, уæдæ мелоди ’рцахсынмæ дæр нæ арæхст, афтæмæй дзæбæх мызд иста, рояльтæ цалцæггæнгæйæ. Уый мæм афтæ диссаг фæкаст, æмæ йæ иуахæмы бакъуымы кодтон, уыцы хъуыддаг йæ къухы цы хуызы ’фты, уый мын цæмæй зæгъа.

— Бынтон хуымæтæджы, — загъта уый, — айдагъ психологи йеддæмæ дзы ницы хъæуы.

— Æз та нырмæ афтæ хъуыды кодтон, зæгъгæ...

— Бынтон дзæгъæлы. Пианино цы хæдзары ис, уыдонмæ бацæуын æмæ сæ бафæрсын, мыййаг уын, зæгъын, базилинаг нæу. Хæдзары æфсин, цы дзуапп мын радта, уымæ нал фæарæхсы, йæхимидæг стыхсы. Уæд æз дæр роялы цур æрбадын æмæ вальс æрцæгъдын — стыр тухитимæ йæ сахуыр кодтон, ноджы афтæ ма банхъæл, æмæ йæ нотæтæм гæсгæ фæцæгъдын — нæ, мур дæр сын ницы ’мбарын, цыдæр хъисфæндыры дæгъæл æмæ дзы бæзджын хъæлæсыуаджы дæгъæл кæй ис, уый хъусгæ фæкодтон, фæлæ кæрæдзийæ цы хъауджыдæр кæнынц, уымæн та — хæйрæг йæ зонæг. О, хъазын вальс æмæ фæзæгъын, зæгъгæ, мæнмæ гæсгæ, пианино базилинаг у. Хæдзары æфсин сразы вæййы мемæ. Уæд æз бинонтæй æппæтмæ дæр æрхатын æмæ сæ ракурын, цæмæй иууылдæр уатæй куыд ацæуой æмæ дуар сæ фæдыл куыд сæхгæной, науæд, зæгъын, мæнæн мæ бон кусын нæу. Æмхуызонæй ацæуынц. Æз сбадын, чиныг сисын æмæ сахатырдæджы бæрц фæкæсын; хатгай пианинойы амонæн æрæлхъивын фæтчыгъæдæн. Стæй дуар байтындзын æмæ фæзæгъын: — Пианино рæвдз у, æхсин. — Уый дæр ыл цыдæртæ ацæгъды æмæ йæм афтæ фæкæсы, цыма пианинойы хъæлæс бынтондæр аивта, цыма йæ æз, зæгъæн куыд нæй, афтæ хорз сцалцæг кодтон. Гъестæй æз мæ мызд райсын æмæ ацæуын. Ууыл хъуыддаг ахицæн вæййы.

Иумæ ахуыр кодтам, стæй уый Францы куыста малярæй æмæ йæхи цæттæ кодта Ecole de langues orientales[29]-мæ бацæуынмæ, къæр-къæргæнгæ дзырдта туркаг, грекъаг, сомихаг æмæ персайнагау. Амард рæуджыты низæй Ниццæйы, цалдæр азы размæ.

Костантинополы гимназ, мæн кæдæм райстой, уый дыууæ мæйы фæстæ аивта Болгарийы горæттæй иумæ — афтæ ныффыссинаг уыдтæн: иу чысыл провинциалон горæтмæ, зæгъгæ, фæлæ Болгарийы иууыл горæттæ дæр чысылтæ æмæ провинциалонтæ сты. Уый уыд асткъласон гимназ, ома æххæст пансион дзы скодтой ахуырдзаутæн — хæлцæй-дарæсæй дзы алцыдæр цæттæйæ, æцæг нын-иу æдзух исты нæ фаг кодта, «æхцайы фæрæзтæ»-иу афойнадыл фыст кæй не ’рцыдысты, уый фыдæй; куыд уыд, цы уыд, фæлæ-иу сæрдыгон мах фæстауæрцы охыл бæгъæввадæй цыдыстæм. Гимназ ахста стыр бæстыхай, уымæн та йæ алыварс уыд кæрт, стæй дыргъдон. Уæттæ рухс кодтой фæтæгены цырæгътæй, тæвдгæнæнтæ та дзы æппындæр нæ уыдис, цалынмæ нæхæдæг æлыгæй пецтæ нæ самадтам, уæдмæ. Куыд ма йæ хъуыды кæнын, афтæмæй нæм алы кълæсты ахуырдзаутæ уыдаид дыууæ сæдæйæ чысыл фылдæр, стæй службæгæнджытæ æмæ ахуыргæнджыты персонал дæр дæс æмæ дыууиссæдзмæ ’ввахс. Ахуырдзаутæ дæр æмæ персонал дæр сæ бынтон хуымæтæджы адæмæй нæ уыдысты. Гимназисттæн сæ фылдæр хай — зноны салдæттæ, афицертæ æмæ матростæ. Æвдæм къласы æппæты кæстæрыл сæххæст æвддæс азы, æппæты хистæр ахуырдзауыл та — æртын æхсæз; уыдæттæ хъуыддаджы гæххæттыты куыд æвдыст цыдысты, уый нæ зонын. Махæй раздæр чи артгæнæг уыд, чи сармадзанæйæхсæг, чи сæудæджергæнæг, æфсæддон æмæ ма суанг пæлæзджын флоты матростæ дæр, уыдис нæм горæт Керчы комендант, фæндзæм къласы ахуырдзау сси, — ахуырæй рæстæмбис ахуыр кодта, фæлæ уый хыгъд иттæг зæрдæргъæвд разынд хихъæппæрисады драмон къорды архайынмæ, ноджы иудадзыгдæр хъазыд Островскийы пьесæты патетикон рольты, зæрдæхъыдзыгæнæн хъæлæсыуагæй кæм хъуыдис дзурын, ахæмты, — не ’хсæн ма уыдис спекулянттæ, хъæдгуысты дæснытæ, æнæуи кусджытæ, алы цинты афицертæ, фæлæ дзы, раст зæгъгæйæ, капитанæй уæлдæр нæ уыд, стæй иу ротмистр, бынтон æнæмæт æмæ хæларзæрдæ адæймаг, Уæрæсейы мин фарастсæдæ дæсæм азы фæцис кадетты корпус. Гъемæ уыцы адæм иууылдæр тынг æнувыдæй, иттæг зæрдиагæй ахуыр кодтой. Нæ культурон размæцыдæй дæр тынг хицæн кодтам кæрæдзийæ; фæлæ нæм, йæ кармæ гæсгæ йæ зонындзинæдтæ дæр кæмæн æййæфтаиккой, уæд та сæ, Пушкины загъдау:

Мы все учились понемногу

Чему-нибудь и как-нибудь,

йæ рæстæджы чи ахуыр кодтаид æмæ чысыл цыдæртæ чи ’мбæрстаид, ахæм ахуырдзаутæ немæ хæрз чысыл уыд. Мæ зæрдыл ма хорз лæууы, нæ математикæйы ахуыргæнæг дын — йæхæдæг зонындзинæдтæм зæрдæргъæвд æмæ йæ предмет дæр бирæ уарзта, — о, æмæ дын уый фæлварæнтæ сарæзта, гимназмæ чи цыд ногæй, ахæм лæппуйæн, цæмæй, цы къласмæ йæ ис райсæн, уый сбæлвырд кæна. Лæппу фæйнæджы цур лæууы — йе ’рфгуыты бынты уыцы æнæууæнк цæстытæй кæсы; цыдаид ыл иу æстдæс азы, йæ уæлæ галифе хæлаф æмæ æнгом æлвæст цырыхъхъытæ. Математикæйы ахуыргæнæг æй райдыдта фæрсын:

— Дæ зæрдыл ма квадратон уравнени лæууы? Фæлваринаг тыхамæлттæй схуыфæгау кодта æмæ ницы загъта.

— Нал лæууынц дæ зæрдыл? Цæй, уый уа-диссаг нæу. Уый ницы кæны, мах ныртæккæ демæ иумæ квадратон уравненийæн йæ фыццаг формулæ раиртасдзыстæм. Кæд дæ нæ ферох, уæд уыдон сты дыууæ формулæйы, фæлæ уал дзы мах фагыл банымайдзыстæм, хуымæтæг квадратон уравненийы фыццаг формулæ. Цæй-ма, фысс х2+ рх + q = 0.

Æнгом æлвæст цырыхъхъытæ сæ мидбынаты уæззаугай сцоппай сты. Фæлваринаг ницы фыста.

— Цæй-ма, фысгæ кæн: х2...

Фæлваринаг ницы фыста. Хъуыддаг цæй мидæг ис, уый уай-сахат рабæрæг: лæппу латинаг алфавит нæ зыдта. Уый суанг мах æхсæн дæр царциаты диссаг уыд. Фæлæ ма йæ æз хъуыды кæнын, мæ иу ’мкъласон куыд марой кодта, куыд тухи кодта, францаг урок цæттæгæнгæйæ, уый: Виктор Гюгойы роман «Хъодыгондтæй» йæ хъуыдис æртæ фарсы ратæлмац кæнын, æмæ йын дзы æнæхъæн цыппарсæдæ дзырды уыдысты æнæзонгæ, æппындæр сæ не ’мбæрста. Фæндзæм къласы та иу ахуырдзау Кавказы тыххæй раст анекдоты хуызæн сочинени ныффыста — уый фæстæ бирæ рæстæджы дæргъы къухæй къухмæ цыд — Кавказ дзы схуыдта «жемчужина России с очень многими искатаемыми»; æмæ æппæтæй диссагдæр та уый у, æмæ уыцы æнахуыр дзырдæй куы пайда кодта, уæд афтæ ’нхъæлдта йе ’нæхин зæрдæйæ, зæгъгæ, иугæр Кавказы минералон хъæздыгдзинæдтæ агуринаг кæм сты, ссаргæйæ кæм сты, уым æцæджы хъуыддагæй «искатаемые» цæуыннæ хъуамæ уой — ома искатьгæнинаг...

Ахуыргæнджыты персонал дæр махæй æнæдиссагдæр нæ уыд. Бирæтæ дзы сæ дæсныйадмæ гæсгæ ахуыргæнæджы куыстмæ тынг дард лæууыдысты. Уый ахуыры хъуыддагыл хорзырдæм дæр зынд æмæ йыл æвзæрырдæм дæр ахадыдта. Нæ зæрдæмæ ce ’ппæтæй тынгдæр цыд гимназы директор Григорий Григорьевич Мейер, Уæрæсейы цыма артиллерион академийы ахуыргæнæгæй куыста. Ницы йæм раиртæстаис æфсæддон, кæнæ та администраторы миниуджытæй; фæлæ гимназæн афтæ дæсны æмæ зондджын хуызы лæвæрдта разамынд — ноджы ма уый уæлдай зындæр уыд мах æвадат уавæрты æмæ мах хуызæн алы хъуын, алы фист ахуырдзаутимæ, — æмæ дзы нæдæр карз æфхæрæн мадзæлттæ хъуыд, нæдæр исты аивын, алцыдæр дзы, нæ фадæттæм гæсгæ, афтæ хорз æмæ нывыл сгуыхт. Гимназисттæй алчидæр йæхи уыйбæрц сæрибарæй хатыдта, æмæ йæ цы бафæндыдаид, уый кодтаид; фæлæ Григорий Григорьевичы хъомыладон сусæг тых уый мидæг уыд, æмæ амæй-ай фыдуагдæр ахуырдзауты дæр никуы бафæндыд сæ сæрибарæй уæгъдибарау фæпайда кæнын. Æцæг хъуыддаджы лæгтæн сæ фылдæрау Григорий Григорьевичы дæр сæ дзырдмондæгтæй не схуыдтаис; уый хыгъд æм адæм уæлдай лæмбынæгдæрæй хъуыстой, куы-иу дзырдта исты, уæд. Алы ’фхæрæнты бæсты та ахæм хъомыладон мадзал ссардта: изæрæй-иу фæсæхсæвæр æппæт ахуырдзаутæм дæр фæсидт æмæ-иу семæ ’мсæрæй алы æгъдаухалæн миты тыххæй ныхас кодта, цыбырæй-иу сын уыцы фыдуынд митæ сæ цæсты ’фтыдта, сæ сæрмæ сæ куыд нæ хæссой, афтæ. Уыцы ’мбырдты рæстæг-иу хатыр нал зыдта: хъæрæй нын-иу бакаст уарзæтты фыстæджытæ кæрæдзимæ (чызгæй-лæппуйæ иумæ уыд нæ ахуыр), кæнæ та-иу, йæ уæхсчытыл ницымбарæгау схæцсхæцгæнгæйæ, дзырдтаид, зæгъæм, Орелы тыххæй, æвдæм къласы ахуырдзауы, раздæры профессионалон хъæбысæйхæцæджы, тынг хæларзæрдæ æмæ сабыр адæймагыл, йæ тыхы фæрцы никуы архайдта, никуы дзы пайда кодта, æцæг ын йæ дзыхыуаг æдзух аив не схуыдтаис, стæй цæмæйдæрты куыддæр æнæхсæстау дæр каст лæгмæ, — гъемæ-иу уый тыххæй дзырдтаид: — Уæздан адæм, гъа-ма, уæ цæстытыл ауайæд: мæнæ гимназ фестут æмæ фæсарæнтæм цæут, æмæ Орел дæр цæуы; гъемæ мæнæ — Орел дæр Парижы. Гъа-ма, уæ цæстытыл ауайæд: Орел — Парижы! — Гимназ-иу æмхуызонæй худын райдыдта; æз куыд хъуыды кæнын, афтæмæй-иу цыма Орел бынтон йæ чемы нæ уыд уыцы сахат.

Иннæ хатт та нын директор иу гимназисты фыстæг каст Людмилæ Д., æхсæзæм къласы ахуырдзаумæ: «Дорогая Милочка, вы можете мне не верить, но я нахожусь на краю напряжения...»

— Фыстыхъæды тыххæй нал дзурын, — йæ къухтæ-иу фæйнæрдæм аппæрста Григорий Григорьевич, — фæлæ искуыдæр ма афтæ фыссæн ис? На краю напряжения — уый тынг æдзæлгъæд, тынг æнарæхст загъд у.

Физикæ нын амыдта, æмæ не ’хсæн, иннæты чи не ’ййæфта, иу ахæм фæстæзад ахуырдзау дæр нæ уыд. Æз бæлвырд æмæ бæрæг зонындзинæдтæ домæг предметтæ кæддæриддæр лæмæгъ зыдтон æмæ мын ницы ахæм уарзон уыдысты; фæлæ физикæ та зæрдæргъæвдæй ахуыр кодтон: рацу фæйнæджы цурмæ æмæ ма зон, электроскоп куыд арæзт у, кæнæ та судзæн авджы хуры тынтæ куыд ахизынц иннæрдæм, уыдæттæ ма зон æмæ афтæмæй Григорий Григорьевичы алцымбарæг æмæ тæригъæдгæнæг цæстытæм кæс, дзуапп раттын та дæ бон ма уæд — уый мын стыр къæмдзæстыджы хос уыдаид, дæлдзинæг мæ кодтаид. Ахæм æнкъарæнтæ гуырд æппæтмæ дæр, æмæ уыйадыл сæхи физикæйы уроктæм уæлдай æнувыддæрæй цæттæ кодтой.

Иннæты хуызæн нæ уыд Валентин Валентинович Рашевич дæр: уый аккаг у, цæмæй йыл айдагъ цалдæр нымад рæнхъы нæ, фæлæ суанг æнæхъæн чиныг дæр фыст уа. Рашевич хаудта, уартæ тæмæнтæкалгæ нудæсæм æнусы чи цард, уыцы энциклопедион, æмæ уымæй дæр гуманон зонындзинæдты хицау ахуыргæнджыты рæгъмæ, мах æлгъыстаг æмæ тæссармæ зонд æнусы та, зæгъæн ис, æмæ сæ мыггаг сыскъуыд. Æнхъæлдæн, æмæ ахæмæй ницы уыд, Рашевич цы нæ зыдта: æмхуызон сæрибарæй, æнæкъуылымпыйæ дзырдтаид сæрмагонд техникæйы тыххæй дæр, æмæ египетаг культурæйы тыххæй дæр, æмæ медицинæйы, математикæйы, философи æмæ англисаг литературæйы тыххæй дæр. Никуы мæ ферох уыдзæн йæ фæстаг раныхас — гимназ кæй фестæм, уый фæдыл кады бон. Фæдзырдта нын Паскаль æмæ Пастеры тыххæй, стæй, махмæ сидгæйæ, йæ ныхас афтæ балхынцъ кодта:

— Ацы зæххыл цæмæй цæрай, уый сæраппонд тохæн ис æртæ хуызы: искæй ныббырсыныл тох, искæй быныскъуыд скæныныл тох æмæ бафидауыныл тох. Уæ зæрдыл æй бадарут: æппæтæй хуыздæр, фæрнæйдзагдæр æмæ ’ппæтæй ахъазгæнæгдæр тох y фидауыныл тох.

Æнæуи та нын уырыссаг литературæ лæвæрдта, хъæрæй нын-иу касти классикты уацмыстæ æмæ нын, куыд сæ ’мбарын хъæуы, уый амыдта, фæлæ, йæ фæдзæхстытæ кæд цыфæнды ахъаззаг уыдысты, — æз уый фæстæ нæдæр хъусгæ фæкодтон, нæдæр кæсгæ бакодтон, Валентин Валентинович-иу зæрдæаивæй, уадидæгæн-иу уацмысы хъуыдыйы цыфæнды дард æмбæхст фæзилæнтæ дæр ацахсгæйæ, куыд рæстдзæвин æмæ æнаиппæй амыдта алцыдæр, уыимæ абарæн кæмæн уаид, æндæр ахæм дæсныамонæджы тыххæй: æнæуи критикон уацтæ-иу уый фæдзæхстытимæ абаргæйæ, мæ цæсты уыдысты æнæбоны дыбы-дыбытау, æмæ-иу лæгмæ худæг æмæ тæригъæддаг хъуыддаг каст дзырдаивады ахуыргæнæн чингуытæ рафæлдахын — раст зæгъгæйæ, дзырдаивады тыххæй уырыссаг ахуыргæнæн чингуытæй зæххыл æдылыдæр чингуытæ нæй, — о, æмæ йæ фæдзæхстытæ кæд цыфæнды ахъаззаг уыдысты, уæддæр ын сæм иу ахæм аипп æрхæссæн ис, æмæ йын сæ ахуырдзауты фылдæр хай кæй не ’мбæрстой; æмæ мæ зæрдыл лæууынц сæ мæрдонхуырым цæсгæмттæ, мæнæ-иу Валентин Валентинович, йæ хъæлæс ризгæйæ, Паскалы дзырдбаст — æвирхъау трагизмæй йе ’мыдзаг, лæджы уды хъарутæй тыхджындæр трагизмæй дзаг ныхæстæ ногæй-ногмæ куы фæзмыдта, уæд:

— «C’est le silence éternel des espaces infinies qui m’ effray».[30] Æз дын æй иуахæмы, дины тыххæй цы хъуыды кæны, уымæй куы бафæрсин.

— Хъуамæ дæ Хуыцау уырна, — загъта мын, — чи зоны, æмæ уый у, адæм хорзæй цы ’рхъуыды кодтой, уыдонæн сæ тæккæ алæмæтагдæр, табуйагдæр.

Уымæй цалдæр боны фæстæдæр гимназы цавæрдæр æмбойны хæцæг низæй амард иу æрыгон ахуыргæнæг, цыппар æмæ ссæдзаздзыд сылгоймаг. Æз æхсæвыгон балкъонмæ рацыдтæн; бæстæ ныннуд, æнæнкъуысгæ арв уыцы уæззауæй нæ сæрмæ æрфæлдæхт; мидæмæ æрбахизæн тыргъы мæ цæст æрхæцыд иу урсбоцъо зæронд лæгыл, мард чызджы фыдыл; стъолы уæлхъус бадт, куыдта æмæ Евангели каст. Балкъоны Валентин Валентиновичы фæтæн фæсонтæ бафиппайдтон. Мæ къахæлгътыл æм бацыдтæн. Йе ’ргом мæм раздæхта — йæ цæсгомыл мæйы æрхуыхуыз тæмæн хъазыд, — æмæ загъта:

— Цæй, ныр ды далæ уыцы зæронд лæгæн цы дзуапп раттис, цæмæй йын фæкъаддæр кæнис йæ рыст, цæмæй йын бавæрис ныфс? Уымæ дун-дунеты хæзнатæ дæр нымады нал сты, — уæдæ уымæн зæрдæ цæмæй бавæрай, ахæм дзырдтæ дæр нæй адæймаджы рæбыны. Æмæ уыныс, — уый Евангели кæсы. Цæмæй йын баивис уыцы иунæг чиныг?

Иууылдæр æмхуызонæй — уыимæ нæ ахуыргæнджытæ дæр — уæззау æвæрæз уавæрты цардыстæм; хъуыды ма йæ кæнын, мах дын базыдтам, Валентин Валентиновичмæ, дам, тамако цæмæй балхæдтаид, уый фаг дæр æхца нæй, зæгъгæ, æмæ уæд нæ кълас æмвосæй иу цасдæр æрæмбырд кодтам æхца æмæ, Валентин Валентинович гимназы куы нæ уыд, уæд ын йæ уаты йе стъолыл иу стыр къопп æд мин бапъирозимæ сæвæрдтам.

Чидæриддæр-иу æм æххуысагур йæхи бакъул кодта, уыдонæй иуы дæр æнæ дзуаппæй не здæхта: искæй куырмæлхынцъытæ хынцинаг бахынцын бахъуыд — уымæ цыдис; искæй зын тæлмацгæнæн æрмæг раивын бахъуыд — уымæ та-иу æрхатыд. Иуахæмы дын æм не ’мкъласон чызг дæр — йæхи фæлварæнтæм цæттæ кодта æмæ, тæвдад циу, уымæн мур дæр ницы ’мбæрста æмæ йæхи йæ цæссыгæй æхсадта, ноджы ма йын, уыцы тæвдад циу, уый бацамонын æппын никæмæн æнтыст, — æмæ уæд не ’мкъласон чызг дæр Валентин Валентиновичмæ бацыд — мах амындæй; скарстам, зæгъгæ, æмæ ма йын æй уый дæр куы нæ бамбарын кæна, уæд уавæр афтæ у, æмæ уыцы хъуыддаг — иу лæджы фырты бон дæр нæу, фæлæ, чызгимæ сахатырдæг адзургæйæ, Валентин Валентиновичæн бантыст не ’мбалæн, тæвдад циу, уый бацамонын. Куыд сарæхст йемæ — уымæн та иунæг Хуыцау йæ зонæг. Чызг фæлварæнæн бафæрæзта. — Уый дæ курдиат райхъал цыфæндыйæ дæр, — загъта ахуыргæнæг. — Валентин Валентинович мын згй бацамыдта, — дзуапп радта чызг. Æгæр дæргъвæтин ныхас нæ бахъæуид не ’ппæт ахуыргæнджыты тыххæй дзургæйæ. Æз ма цалдæр цæвиттоны æрхæсдзынæн æрмæст. Уыдис нын ахæм хъомылгæнæг, инæлар Орлов, ныр æгас нал у, гъемæ уымæн йæ сæр æппындæр нæ ахста, махимæ йæ ахастдзинæдтæ цы хуызы араза, цы хуызы дзура немæ, уый — куыд салдæттимæ, æви куыд кадеттимæ; уымæй размæ та æнæуи адæмы, ома, ’фсæддон чи нæу, ахæм адæмы, уый, æвæццæгæн, уынгæ дæр никуы фæкодта. Гъемæ дын уæд, цæмæй йæм де ’ргом аздахай, уымæн æнахуыр сидæн дзырдтæ ’рхъуыды кодта: «господин молодой человек». Алы хуыцаубон дæр-иу райсомæй нæ дротуармæ[31] ’рбацыдаид æнæмæнгæй — æмæ та-иу мæн хуысгæйæ æрбаййæфта:

— Господин молодой человек, — хъæлæсыдзагæй-иу загъта, — саккаг кæн сыстын æмæ аргъуанмæ афойнадыл ацæуын.

— Æмæ æз, Василий Степанович, Хуыцауыл æууæндæг куы нæ дæн.

— Уый та уæлдай нæу, ды уæддæр, Хуыцауæн табу, рæстмæкувæг дæ, басурман исты нæ дæ. Æдылыдзинæдтæ. Уырнæг дæ, нæ дæ уырнæг — уæлдай нæу, цыфæндыйæ дæр аргъуанмæ цæуын æмбæлы.

Иухатт дын Хуыцауæн батабу кæнынмæ иу гимназисты куы арвитид, дзуттаджы, уымæн, æмæ, дам, уæлдай нæу — «Æппæтæн дæр сæ Хуыцау иу у». Истори нын лæвæрдта уыцы Орлов; æмæ-иу, алы конгресстæ æмæ базарадон бадзырдтæ иуварс фæуадзгæйæ, фылдæр æмæ бæлвырддæрæй дзырдта хæстыты тыххæй, — нæ иннæ историкты хъауджыдæр, зæгъæм, Тирцейы — уый тынг базæронд, йе сæфт уыдта хæстыты койæ, йæ зæрдæйæн хæстæгдæр уыдысты алы конгресстæ. Уыцы Тирце цыдæр æгъдауæй куы базыдта, æз Берлинæй цалдæр чиныджы кæй рафыстон, семæ ма Эренбурджы кæцыдæр роман дæр, уæд мын афтæ зæгъы:

— Æмæ ныр ды цæмæн кæсыс ахæм чингуытæ? Цыфæндыйæ дæр уыдон иу компани куы сты: цы Грузенберг, цы Эренбург æмæ афтæ дарддæр — цыфæндыйæ дæр уыдон масонтæ куы сты.

Афтæ дзураг-иу уыд:

— Æз уын æй æргомæй зæгъдзынæн...

Уыцы дзырдбаст-иу æнæрхъуыдыйæ, механикон хуызы срæцыгъта:

— Æз уын æй æргомæй зæгъдзынæн: Стыр Петр амард 1725 азы.

Йæ историон лекцитæ нын каст йæхи курсмæ гæсгæ — уый йæхи арæзт æмæ йæхи къухæй фыст уыдис. Цы сочиненитæ йæм-иу радтой, уыдонæн-иу цыппартæ сæвæрдта — кæд-иу сочиненитæ, уæзданæй зæгъгæйæ, Платоновы ахуыргæнæн чиныгæй слухтаис, уæд, — кæнæ та æртæ плюсимæ, кæд-иу æндæр чиныгæй давд уыдысты, уæд. Иу гимназист ыл хинæй рацæуыны фæнд скодта æмæ йæ фыссæн куыст иууылдæр Тирцейæн йæхи курсмæ гæсгæ сфыста — дзырдæй дзырдмæ, къæдзыгæй къæдзыгмæ. Тирце йын æртæ сæвæрдта минусимæ æмæ йын йæ сочиненийы бынмæ фидисгæнæгау бафыста: «Дæ фыстыхъæд лæмæгъгомау у», — уый та, уæвгæ, бынтон раст хатдзæг уыд. Тирце фыд-зæронд баци; æнхъæлдæн, æмæ райгуырд мин астсæдæ цыппор фæндзæм азы æмæ, чидæр дзы куыд фæцарæхст зæгъын, ног истори æппæтæй дæр лæвæрдта айдагъ йæхи мысинæгтæм гæсгæ.

Нæ йæ зонын, цавæр кæлæнты фæрцы, кæцы эмигрантон, хауæццаг зонды æнæрхъуыдыйы руаджы сси махæн хъомылгæнæг жандармты булкъон Травкин — сæррамæ бирæ кæй нал хъуыд, ахæм адæймаг, ноджы ма-иу цæмæдæриддæр баххæссыдаид йæ къух — хорзмæ дзы мацæмæуал æнхъæлмæ кæс, уæвгæ дæр дзы сгуыхты охыл æппындæр мацæмæ ’нхъæлмæ кæс. Цæхæрадон ын йæ бæрны бакодтой; уый дзы фондз голладжы картоф ныссагъта, афон куы ралæууыд, уæд та дзы æртæ голладжы систа тыллæг. Уæд ыл хъомвос баууæндыдысты; фæлæ хицауиуæг цы ’хсæз хуыйæн кодта, уыдонæй уайтагъд цыппар фæхæдмæл сты; кордыл[32] сæ-иу ратæр-батæр систа, цæмæй, дам, «сæ конд æмæ уынд сæхимæ уа». Сæргой дзы куы фесты Травкинæй, цы ма йын бабыгъдуан кæной, уый куы нал зыдтой, уæд ын балæгъстæ кодтой, цæмæй цæттæгæнæн æмæ фыццæгæм кълæстæн Хуыцауы Закъон амонæгæй ныллæууа, фæлæ йын йæ урокмæ иу кæддæр инспектор бафтыд æмæ йæ хъустыл нал æууæндыд: Травкин жандармы араугæ хъæлæсæй фыртæссæй зæрдæтахт астаздзыд æлвыдсæр лæппуйы бакъуым кодта, цас километры, дам, ис Вифлеемæй Назаретмæ. Лæппу йæ нæ зыдта æмæ «дыууæ» райста. Уыцы цауы фæстæ Травкины «ссæрибар кодтой» Хуыцауы Закъон амонæджы хæстæй, — æмæ афтæмæй гимназы баззад, æппындæр ницы кусгæйæ, «æнæ сæрбос æмæ æнæ цобегæнæгæй», — æмæ-иу куы тыргъты сдыууæрдæм, куы-иу цæхæрадон æмæ дыргъдонмæ ныццыд, стæй-иу хуыдонмæ дæр бакаст, мæнæ ма хæрзæрæджы дæр æлдариуæг кæм кодта æмæ экспериментатор кæм уыдис, уырдæм. Цы ма йын бахæс кодтой æппын фæстагмæ — уый мидæггаг кæрты стыр бæстыхайы дыууæ агъуысты ’хсæн къахвæндæгтæ дурастæрд скæнын; уый сыл дзæххор байтыдта, йæ сæрыл та йын цавæрдæр чъиуджын æлыгæй бæзджын фæлтæр сæвæрдта, æмæ-иу уыцы фæндæгтыл уарыны фæстæ азмæлæнтæ нал уыд — цъыф-иу афтæ ныххæцыд къæхтыл.

Ноджыдæр ма нæм уыдис библиотекæйы хицау, æмбисондæн хæссинаг йæ дыууæ миниуæгæй: алцæуыл дæр фу-фу кодта æмæ алцæмæн дæр фесæфынæй тарст, ноджы ма æфснайдуарзаг, рынчынау сыгъдæгуарзаг: чингуытæ-иу тынг зивæггæнгæйæ лæвæрдта, дзырдтаид дын-иу, куы нæ, дам, сæ исай, уæд, дам, сыл ницы ’рцæудзæн, куыд дзæбæх сты, афтæмæй баззайдзысты; уый, ай-гъай, тынг рæстытæ дзырдта, фæлæ сын уæддæр æнæ исгæ дæр цы уыдис. Йæ лæгъстæтæй кæй ницы уайы, уый куы бамбæрста, уæд сфæнд кодта цæхгæрдæр мадзалæй спайда кæнын: бацæуæны дуарыл хъусынгæнинаг фæзынд: «Библиотекæ æхгæд у, уымæн æмæ мах чингуыты номхыгъд аразæм», — æмæ уæд йæ уд æрсабыр. Цасдæр рæстæджы фæстæ йын аивæй бамбарын чындæуыд, чингуытæ цыфæндыйæ дæр адæмæн æнæ дæтгæ нæй, зæгъгæ. Уæд уый æндæр хъусынгæнинаг ныффыста: «Библиотекæ æрмæстдæр рæстæгмæ кусы», — æмæ та ногæй райдыдта чингуытæ дæттын, раст-иу æй скæуынмæ бирæ нал хъуыд, афтæмæй.

Уыдис нæм-иу сауджын, тынг украинагыздæхт акцентимæ дзурæг; схъæлфындз æмæ къленцарæзт; йæ сæрыхъуын a la garçonne[33] цыбыр æлвыдта, дардта нарæг, къуындæг хæлæфтæ æмæ лакæй ахуырст туфлитæ, стæй йæм уыд лыстæг лæдзæг, йæ сауджыны пæлæз та-иу, цыма йын æнæуи хуымæтæг уæлæфтау у, уыйау-иу æй йæ цонгыл дыдагъгондæй æрцауыгъта. Уый уыд æмбисонды дзырдарæхстджын, мæлгъæвзаг, сахатгай дæр æм хъусынæй нæ бафæлладаис, йæ ныхас раст алолайы зарæг, фынæй дæ-иу цыма кодта, уыйау, стæй-иу цыдæр æнæхъола хабæрттæ кæнын райдыдта, мæнæ, зæгъæм, нырыккон хирургийы æнтыстыты фæдыл: «иу ацæргæ лæгæн операци кодтой æмæ, кæд цыфæнды зын у, уæддæр уæ бауырнæд, æмæ йын ай-дагъ йæ фындзæй кæд æмæ систой æртæ æмæ æртиссæдз стæджы»; æвæццæгæн, уый куыд хъуыды кодта, афтæмæй рынчынтæ кæрæдзийæ уымæй хицæн кодтой, чи сæ куыд стæгджындæр у, — мæнæ кæсæгтау раст; цæргæ дæр йæ сæнтты мидæг кодта, йæ алыварс дуне та дзаг уыд хирургийы диссаджы сгуыхтытæй, стæй ма дзы уыд æндæр зынбауырнæн хабæрттæ дæр. Иуахæмы дын мæ хъус æрдардтон, уæгъдæфсæрæй цытæ лæхуры, уымæ; йæ ныхас тынг лæгъзæй уагъта, хатгай-иу ын дзы цыдæр мидис дæр уыд рахатæн, фæлæ та-иу ын уайтагъд ног, æппындæр кæрæдзиимæ баст чи нæ уыд, ахæм æдзæлгъæд ныхæсты зæйы бын фæцис.

— Мæнæ дидинæг йæ алы сыфæй дæр хурмæ куыд тæхуды кæны, — райдыдта-иу йæ дзыбандытæ, — раст афтæ адæймаджы уд дæр тырны Хицау Хуыцаумæ, æмæ ацы фæстаг рæстæджы дзæвгар ахуыргæндтæ. Уымæй дарддæр, фæлæ уый та æдзух зæрдылдаргæйæ, алы астæуккаг скъолайы ахуырдзауæн дæр бар ис, цæмæй йын боныг уа, уымæн...

Фæстæдæр махæй æндæр ранмæ ацыд, æмæ йæ бæсты кусын райдыдта ног сауджын, бынтон суцца æмæ мæстыгæр, цыдæр æнамонд гуырд æмæ тынг æнæхсæст, æнæфенд адæймаг, фæлæ бирæ нæ ахаста — уайтагъд амард.

Гимназы-иу æппæтæй хуыздæр сæрдыгон бонты уыд, цас дæ фæнды, уыйас-иу дæ фарсыл хуыссыдаис дыргъдоны, æмбисонды хæрзад болгайраг неситæ æмæ-иу харбызтæ дæ фаг хордтай, — дæ алыварс та болгайраг удæнцой сабыр дуне йæ алæмæты кæрдæг — цъæх фæлысты, æппæты дæр цыма зивæджы пъæззы æрцахста, уыйау бæстæ ныхъхъус æмæ ныххорз. Тæхудиаг ма-иу уæд уый уыдис, æмæ мах æнæныббаргæ, æнæныххатыргæнинаг æрыгон кæй уыдыстæм, зарыдыстæм «Гаудеамус», нæ размæ та айтынг æнæхæрд цард, æгæрон хурбæстæ — Берлин, Париж, Венæ, æмæ нæм дзы алцыдæр каст æнцонамал, къухы æнцонæфтæн æмæ æрттиваг. Max æй нæма зыдтам уæд, цы æбуалгъы зиантæ ныл æрцæудзæн, уый; æрмæстдæр стæмтæ бахиздзысты махæй университетты къæсæртæй, иннæтæм æнхъæлмæ каст фæсарæйнаг кусджыты тыхбегараджын, фидæнæй æнæзæрдæрухс цард.

Бирæтæ нæ ce ’мгъуыдæй раздæр сæ рухс дунейæ аивгъуыдтой, иутæ та нæ, — æмæ уыдонимæ Орел дæр, — раст æрра систы; ирд бæллицтæн сæ фылдæрæй фыдæнхъæл фестæм, нæ мæгуыры æмæ нын нæ фыдохы бонтæ дæр ницы ахæм ахъазгæнæг зонды хосæн басгуыхтысты, мæнæ мидхæст æмæ фæсарæнты нæ дæргъвæтин царды фыдæвзарæнты фæлтæрæнтау.

Нæ алыварс бæлæстæ æмæ быдыртæ кæрæй-кæронмæ кæцæй зындысты, иу ахæм балкъон уыд гимназы. Сæрдыгон хурарæх бонты, лæджы-иу йæ цæст æнахуыр хуызы куы сайдта, уæд-иу фыццаг афтæ фенхъæлдтаис, цыма дæ акомкоммæ денджыз æрвцъæх хуыз тыбар-тыбур кæны; æмæ дæм-иу уæд гимназ кæнæ сакъадах фæкастаид, кæнæ та уыцы æрвцъæх тыгъдады цадæггай дард кæдæмдæр симæг нау.

ГАВАЙАГ ГИТАРÆТÆ

Бахсæвиуат кæнынмæ кæйдæр хæдзары баззадтæн, уырдæм та мæ зонгæтимæ ’нæнхъæлæджы фембæлды фæстæ бахаудтæн, фысым дын уыдзыстæм, зæгъгæ, мæ сразы кодтой ныллæууыныл, стæй тынг æнафон æмæ уазал дæр уыд. Баззадтæн сæм æмæ мын хуыссæн бакодтой уымæлбын къуырф диваныл, мæхи дзы мæ мидфынмæ куыддæр къæмдзæстыгæй æнкъардтон æмæ тыхстæн, уымæн æмæ диван сæ уазджытæн æрмæстдæр бадынæн уыд ныронг, хуысгæ йыл никуы ничи кодта — гъемæ мæм уазæгуарзон рæдау нæ каст; ноджы ма мæхи сынтæджы хъæрмуст хъæбыс мысыдтæн, ахуыр кæуыл уыдтæн æмæ мæ иугæндзон царды кæддæриддæр кæдæм здæхтæн, уыцы рæдау хъæрмуст хуыссæнтæ — уым мæ-иу ничи хъыгдæрдта, никæй æцагæлон улæфт мын-иу ныхылди мæ уды бæстæм, æнцад-æнцойæ дзы-иу мæ зæрдæйы дзæбæхæн фынæй кодтон. Фыццаг кæркуасæнты кæддæр схуыссыдтæн, æмæ, нæхимæ дæн, зæгъгæ, уæд боны дыууадæс сахатæй раздæр нæ райхъал уыдаин, ома, æрвылбон куыд вæййы, афтæ; адонмæ та, нырма сæумæдæвдæг уыд, афтæмæй ракастæн мæ цæстытæй, æмæ мæм рудзынджы иу тигъæй — æмбæрзæнæй æххæст æхгæд нæ уыд, — кæртæй зындысты бырæттæй цъупдзаг гæххæттын стыр къоппытæ, гъемæ ма мын æй цы бамбарын хъуыд, райсомы авд сахаты дæр кæй нæма у, уый. Мæ уæлтъыфалтæ мæлæты уæззау уыдысты, мæ сæр дæр къуырма рыстæй рысти; егъау уат уазалæй ныддæвдæг, æмæ мæм афтæ касти, цыма, мæ алыварс цыдæриддæр уыдтон, уыдон иууылдæр тарф фынæй баисты, — алы хатт дæр мæм-иу мæ зæрдæ мæнæ афтæ дзырдта, зæгъæм, истæй аххосæй мæ-иу хуыссæг куы нæ ахста æмæ-иу бар-æнæбары, йæ бон фынæй кæнын кæмæн уыд, уыдонмæ хæлæгæй куы мардтæн, уæд: уыдон-иу мæ фырфæлмæцыд, фырвæллад буары монцтæ уыдысты, йæ мидтухийы сæнттæ — æндæр мæм-иу уæдæ цæмæн афтæ кастаид, æмæ, цыма мæ цæст цæуылдæриддæр æрхæцы, уыдон æмхуызонæй сæхи адджынæн фыны къæйы бын банорстой — суанг ма хæдзæрттæ æмæ бæлæстæ дæр. Æз мæ мидбынаты иннæрдæм æрзылдтæн, æмæ цъæт диваны мидæг æнæуæндон сабырæй фæхъинц ласта, æмæ уæд æз дæр мæхицæн балæгъстæ кодтон, кæд дын цыфæнды зын у, уæддæр ма дæ афынæй кæнын хъæуы, зæгъгæ — æмæ дын цадæггай куы ныгъуылин фыны, мæ хъуыдытæ дзæбæх нал ахстон, цæмæндæр афтæ ’нхъæлдтон, цыма зноны ныхæстæ æмæ ’рдæбоны цъæты мæллæг хъинц кæрæдзиимæ цыдæр хуызы баст сты, фæлæ дын æвиппайды уат байдзаг дæргъвæтин, æнахуыр зырзыргæнаг, ризæг мыртæй, æмæ мын уыцы æнæнхъæлæджы мыртæ сæ диссаджы азæлдæй мæ хъуыдытæ бынтондæр сæхи бакодтой. Мæ цæстытыл цыдæр нывтæ уайын райдыдта, райхъал уон æмæ мæ цæстытæй ракæсон, уый та мæ бон нæ уыд, нæ мын æнтыст; фæлæ уыцы мыртæ æз тынг сыгъдæгæй хъуыстон æмæ сын сæ цæссыгæмхæццæ мотивмæ хъус лæмбынæгæй дардтон. — Æппæт адæттæ мæ фыны уынын, æви уый циу? — фарстон мæхæдæг мæхи. — Нæ, æвæццæгæн æмæ — нæ, уымæн æмæ æз ахæм музыкæ ницы хуызы æмæ никæддæр æрхъуыды кодтаин. — Æз æм хъуыстон æмæ хъуыстон, тынг дæргъвæтин рæстæджы мæм хъуыст — бæстæ куы басабыр, уæддæр ма мæм хъуыст, суанг уæддæр: фыццаг сабырæй-сабырдæр кодта, мынæгæй-мынæгдæргæнгæ цыд, тайæгау кодта, стæй дард кæмдæр æцæгæлон уынæримæ æмхæццæ кæнын райдыдта. Æмæ йæ уæд æз дæр нал хъуыстон.

Фысымтæ æрæгмæ сыстадысты; æз сын, сæумæраджы хæстæг ран æмбисонды аив мелоди кæй цагътой, уый тыххæй куы загътон, уæд мын уыдон æмдзыхæй афтæ, уымæн, дам, ницы хуызы ис гæнæн æмæ уæвæн, дæу, дам, æвæццæгæн, дæ хъустæ сайдтой — вæййы... Фæлæ йæ æз та фидарæй зыдтон, æз раст кæй дæн æмæ, сæумæраджы цы мелоди уад мæ хъустыл, уый æцæгæй кæй зæлыд, уымæн æнæуæвгæ кæй нæ уыд; кæнæ та, хъуыды кодтон æз, æмæ, кæд нæ уыд, ныр дæр кæд нæй, уæддæр тагъд фæстæджы фæзындзæн, иугæр ныридæгæн мæ зæрдæйы кæм сцæрæццаг, уым. Æз хæрзбон загътон мæ зонгæтæн, æмæ уыцы райсом дæр, æмæ уыцы музыкæ дæр, æмæ уыцы æнæбайрайгæ диван дæр мæ мидуавæрмæ ницуал бар дардтой, мæ уды мидбæстæм, фæлæ-иу æз уæды хабæрттыл хъуыды кæныныл куы фæдæн æмæ-иу сæ алы лыстæг хъуыддаджы онг куы мысыдтæн, уæд-иу мæхæдæг мæхицæн зæрдæвæрæгау хуыссæгхъæлдзæг лæджы тæригъæддаг уавæр æмæ уыцы æнæзонгæ мелодийы тыххæй дзырдтон, фæлæ, цæмæй иннæтæн дæр цымыдисаг æмæ уырнинаг уой мæ ныхæстæ, уый охыл сæм-иу къæхтæ æмæ къухтæ бафтыдтон — ома, ахæм бæлвырдгæнæн бæрджытæ, уæд сæ кой дæр кæмæн нæ уыд, фæлæ мæнмæ та цыфæндыйæ дæр поэтикон чи каст æмæ мын уыйадыл раздæр мæ мысинæгтæ мæхи цæстæй фæаивдæр, фæуырнинагдæр æмæ фæхъæздыгдæр кæнын кæй бон уыд, æрмæст сын уæддæр, æппæт уыдæттæ хынцгæйæ дæр, сæхи хæдбындур æмæ ’нæнхъæлæджы хабæрттæ хоныны бар чи нæ лæвæрдта — мæ сæрызонды мæхи æвастæй цыдæр æцæгæй æрцыдис, зæгъгæ, ууыл басæттын мæнæн кæддæриддæр зын вæййы. Мæ мысинæгты афтæ чысылтæ кæй ивтон, уый мын æнæбары уыд; æмæ уалынджы цалдæр боны фæстæ мелодийы зæлтæм æз бафтыдтон цæстуынгæ ныв — фламингойы, ома дын, цыма, уый уаты иу кæронæй иннæ кæронмæ схъæлзæнг уæзбын цыдæй ацыд, æмæ ма ноджыдæр цыма цыдæр æнæзонгæ горæты сæрмæ зæрæхсиды тæмæн хъазыд, æз мелоди куы хъуыстон, уæд — гъемæ сæ кæд æцæджы æгъдауæй уынгæ нæ фæкодтон, уæддæр, мæнмæ гæсгæ, æвæджиауы хорз фидыдтой уыцы музыкæйы мыртимæ, æрмæст сын уæддæр ме ’ргом сæхирдæм бынтон аздахын не ’нтыст, ома нырма не ’нтыст. Фæлæ мын уæдмæ фыццагау æхцон ницуал уыд, мæ зæрдæ цин нал агуырдта; æмæ, уæд цы мотив хъуыстон, уый æрымысыныл кæд цыфæнды зæрдиагæй хъардтон мæхи, уæддæр мын мæ уæды мидуавæр раздахын нал бакуымдтаид — мæ фыдæбæттæ дзæгъæлы уыдысты. Æрмæст мæ цыфæндыйæ дæр иу хъуыддаг фидарæй уырныдта — уырнгæ та мæ уый кодта, æмæ йæ искæд бон куы фехъусон, уæд æй æнæмæнгæй кæй базондзынæн. Стæй мæ куыдфæстæмæ зыбыты рох фæцис.

Уыцы бонты мæ хо бынтондæр æрсад, йæ низ ыл стыхджын, æмæ ма фервæздзæн, ууыл зæрдæдарæн нал уыд. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ йæ лæг дыууæ къуырийы ’мгъуыдæй фæсарæнтæм ацыд, æмæ уæд æз йæ цуры рынчынгæсæй баззадтæн. Йæ сынтæджы цур-иу бадтæн, æмæ-иу мæ зæрдыл цыдæриддæр æрлæууыд нæ ивгъуыд цардæй, уыцы хабæрттæ йын кодтон. Уый мæм-иу æнцад хъуыста, ницы дзырдта, уымæн æмæ йын дзурын дæр тынг зын сси, айдагъ иунæг хъуыдыйад зæгъынæй дæр-иу бастад — мæн-иу цалдæр сахаты уæнгдыхæй фыдгуыст дæр уыйбæрц нæ бадомдтаид. Мæ хойы цæстытæ афтæ арфхъуыдыджын систы, алцыппæт афтæ уынаг æмæ æнкъараг, æмæ сæм зæрдæ иуæй комкоммæ кæсын нæ уæндыд, иннæмæй къæмдзæстыг кодта, уымæн, æмæ йæ æз уыдтон: кæй амæлдзæн æнæмæнг, уый йæхæдæг дæр хорз æмбары, стæй йæ æз дæр кæй æмбарын, уый дæр уыны æмæ зоны; æмæ уыцы хъуыдытæ йæ цæстæнгасыл афтæ ирдæй бæрæг дардтой, æмæ-иу зæрдæ ныккæрзыд, йæ тæригъæдæй-иу мæ кæуындзæг мæ хъуырмæ схæццæ. Æнæхъæн боны дæргъы йæ дзыхæй иу ныхас не схаудтаид; хаттæн мын-иу, цæмæй схуда, исты ахæм хабар æрымысын бантыст, фæлæ-иу уæд та йæ мидбылхудт йе ’ппæтæмбарæг цæстæнгасæй зындæр быхсæн рауад; мæ хо уæдмæ ахæм уавæрмæ ’рхаудта, æмæ лæгыл худын куы нал фæфидауы, фæлæ ма, кæд исты амалæй схуды, уæддæр уымæн, æмæ дзы нæма ферох вæййы, худын куыд хъæуы, уый — гъа, йæ зæрдыл цы нал фæлæууы, уый та йæ нал фендавы æмæ йæм арæхсгæ дæр нал фæкæны. Фæлæ дын мæм иуахæмы, æз, мæ дыстæ суанг мæ дæлæрмттæм стулгæйæ, агуывзæ хихсæны бынмæ куыд æнхъæвзын, уымæ кæсгæйæ, йæ цæстæнгасæй йæхимæ фæсидт æмæ мын зынахсæн, зынæвзарæн мынæг хъæлæсæй цыдæртæ загъта. Æзын, мæгуырæг, йæ ныхæсты мидис нæ рахатыдтон, нæ йын сæ бамбæрстон; æмæ, кæд мæнырдыгæй, цæмæй мын йæ ныхæстæ сфæлхата, ахæм курдиат цыфæнды æнæзæрдæ ми уыд — ноджы ма уæдмæ йæ ныхыл æрдæбоны удхарæй хиды фæрдгуытæ фæзынд, — уæддæр сфæрæзтон:

— Бахатыр мын кæн, Оля, фæлæ дын дæ ныхæстæ нæ бамбæрстон.

Уадидæгæн йæ цæстытæ доны разылдысты.

— Цы цæнгты ставд дын ис, зæгъгæ, дын загътон, — тыхтæй-амæлттæй йын бантыст сдзурын фыццаджы мынæг хъæлæсæй.

Æмæ йæ уымæл цæстыхаутæ сæхи уæззаугай æруагътой.

Уæд ын æз дæр, куыд нæ мæ бафиппайа, афтæ аив æхсгæ кастæй мæ цæст йæ къухтыл æрхастон — хъæццулы уæлæ æнæбон æппæрстæй лæууыдысты æмæ сæ уындæй лæджы зæрдæ рæхуыстой, адæймаджы къухты хуызæн ын нал уыдысты; йæхи мидæг сæ уый размæ мæнонтимæ абарста, æмæ йæ зæрдæ ауынгæг, исдугмæ дзы адзалы тыххæй хъуыдытæ айрох сты, фæлæ йын цыма исты ахсджиаг уыдысты, уыйау сæм фæстæмæ æвæстиатæй куы раздæхт, йæ уавæр та куы ’рбалæууыд йæ зæрдыл, уæд æргом ныккуыдта.

— Фылдæр фылдæр къуырийы фæстæ санаторимæ ацæудзынæ, — зæрдæвæрæгау ын загътон æз, — æмæ дын æмбойны куыд фенцондæр уыдзæн, уый дæхæдæг фендзынæ, уырнгæ дæр ма дæ нæ кæндзæн.

Фæд-фæдыл йæ цæстытæ цалдæр хатты байгом кодта æмæ та сæ-иу фæстæмæ æрæхгæдта, ома мæ ныхæстыл разы y — чи зоны, æмæ йæхицæн бар-æнæбары тæригъæдгæнгæйæ, йе та, чи зоны, æмæ йæ нæ фæндыди, мемæ сбыцæу уа, уый — уæд та йын æз ногæй-ногмæ, хъизæмайраг удхор ын цы ныхæстæ сты, уыдон райдайдзынæн кæнын, уæд та мæ ома йæхицæн иударон ныфсæвæрæнтæ дзурыныл ардаудзæн. Стæй мæм йæ зæрдæхалæн тæригъæддаг цæстытæ систа, фæлæ йын æз хъæддыхæй загътон: — О, о, рæхджы йæ дæхæдæг дæхиуыл бавзардзынæ. — Æмæ ’ндæр цæйдæрты тыххæй дзурынмæ фæдæн.

Цы дохтыр æм дардта йæ цæст, уый та йæ федта ныр дæр, æмæ, дуары æддæмæ ахизгæйæ, загъта мæнæн:

— Бон, дыууæ боны фаг ма y, monsieur, æрмæст бон, дыууæ боны.

Æмæ, асинтыл уырдыгмæ куы фæцæйцыд, уæд мæм афтæ каст, цыма цыдæр хъал æмæ сæрыстырхуызæй фæцæуы, уымæн æмæ дзы уый дæр йæхимæ уæззау, тынг уæззау бæрны хай исы, мæнæ-мæнæ мæ хо кæй амæлдзæн, уымæй.

Уалынджы Володя, йæ лæг, фæсарæнтæй æрбаздæхт, æмæ сæм æз бон, дыууæ бонцухæй йеддæмæ нал цыдтæн, æрмæст сæм-иу бирæ дæр нæ афæстиат дæн, уымæн æмæ-иу не ’ппæт дæр нæхи æназымджынæй куыддæр къæмдзæстыгæй æнкъардтам, тынг уынгæджы-иу уыдыстæм, æмæ ма хæдзары уæлдай исчи уа — чифæнды дæр уæд, — уый зæрдæ нæ агуырдта, тыхсты хосæй фалдæр ницы уыд.

Фæстæдæр æз иуахæм райсом Володяйæ писмо райстон, æмæ мæ дзы куырдта, цæмæй йæм мæ хойы санаторимæ аласынмæ фæкæсон. Æз дæр сæм изæрæй фæзындтæн, дуар бахостон, фæлæ мын дзуапдæттæг нæй; æмæ уæд æз æнæ хонæгæй мидæмæ бацыдтæн. Сиахс хæдзары нæ разынд. Мæ хойæн, æвæццæгæн æмæ, фынæй кæныны тыхджын хос радтой, æмæ ницы фехъуыста, æнцад-æнцойæ хуыссыд.

Уымæй размæ дæр-иу куыд фынæй кодта, уæвгæ афтæ хуыссыд ныр дæр, йæ къухтæ йе ’мбуар адаргъгæнгæйæ; йæ дæллаг æфсæр æрхауд уыцы æнæхъару æдыхæй, растдæриддæр мардæн куыд вæййы, афтæ; цæмæй йе ’фсæр йæ бынаты уромын куыд фæраза, уый бæрц дæр йæ бон йæ нуæрттыл нал цыд. Тыхулæфт кодта, æрмæст йæ риу та не змæлыди, не ’нкъуыст, фæлæ, йæ хъæццулы уæлæ æвæрдæй цы афтид къус баззад, уый хæрдмæ-дæлæмæ кодта удæгасау; къус та æвæрд уыд, хъæццул ын йæ гуыбын цы кæронæй æмбæрзта, ууыл, æмæ-иу цайцымæн уидыгæн дæр йæ сабыр дзинг-дзинг ссыд, къус-иу йæ улæфтмæ гæсгæ искæцырдæм куы фæкъул, уæд. Уат егъау цырагъ рухс кодта. Æз хъæццулы уæлæйæ къус райстон æмæ йæ стъолы сæр æрæвæрдтон æмæ ма иу хатт мæ хомæ фæкастæн. Амæй размæ дæр-иу, фынæйгæнæг адæймагмæ кæсгæйæ, старстæн, ома йын тæригъæд фæкæнын: лæг цыма куырмæй цавæрдæр сусæг, æбæрæг уавæры бахауы æмæ дзы, æппæтдæр ферохгæнгæйæ, цæрынтыл схæцы, стæй, фыдфынтæ уынгæйæ, куы райхъал уаид, уый фæлтæрæнтæ фæкæны, фæнæты æмæ фæхъæрзы, фæлæ йæ бон нæ вæййы райхъал уæвын, йæ утæхсæнæй фервæзын — гъемæ-иу уыцы сусæг уавæр, фынæй лæджы сусæг уавæр, мæн стæрсын кодта, æмæ-иу бафынæй кæнын нал уæндыдтæн мæхæдæг, уымæн æмæ мæ-иу нал уырныдта, райхъал ма уыдзынæн, уый. Фæлæ мæ ныр та мæ тарф фынæй хойы уынд, йæ мæрдон хуыз райсæг хойы уынд уæлдай стырдæр тасы бафтыдта. Йæ сау дзыккутæ базыл апырх сты, æнцад сæхицæн лæууынц, йæ цæсгом та цыма дæргъæццондæр фæцис — æз æм æдзынæг кастæн æмæ цæмæндæр мæ зæрдыл æрбалæууыд уартæ рагзаманты кæддæр, иу дæс азы размæ, æз æмæ мæ хо куыд тезгъо кодтам, уый — уæд ма Оля йæ тæккæ ног чындзæй уыд, кафейы адджын гуылтæ хордтам йемæ æмæ мын тарстхуызæй дзырдта:

— Дæ хорзæхæй, афтæ бирæ ма хæр, уый тæссаг у, тынг тæссаг. Зоныс, иу-дыууæ ма дзы бахордтай, зæгъгæ, уæд дæ тъæнгтæ фелхынцъ уыдзысты, æмæ мæнæ ам адæмы къæхты бын ныммæлдзынæ æмæ мæ бынтондæр адæмы цæсты бафтаудзынæ.

Стæй уæд парчырдæм фæраст стæм, æмæ-иу уый куы бафæллад, уæд-иу æй æз мæ къухтыл хæссын афæлвæрдтон, фæлæ-иу уайтагъд бафæлладтæн æмæ-иу ын уæд бацамыдтон:

— Фæлтау мæнæ ме уæхсчытыл сбад, науæд дæ мæ къухтыл хæссын бирæ нæ фæразын.

Йæ уаты æз дыууæ сахаты бæрц бафæстиат уыдаин; уыцы рæстæджы дæргъы уый змæлгæ дæр нæ фæкодта, мæн та йæ райхъал кæнын нæ фæндыд: сиахс дæр нал æмæ нал зынд. Иннæбон сæм хъуамæ æз райсомæй æрбацыдаин, цæмæй сын Володяимæ иумæ сæ дзаумæттæ фæндагмæ барæвдз кодтаин, автомобильмæ мæ хойы мæ хъæбысы рахастаин æмæ йемæ санаторимæ ацыдаин.

Райсомæй сæм дæс сахатмæ фæзындтæн; скодта уазал æмæ мигъ бон. Уый хæдразмæ бон мæхицæн ног туфлитæ балхæдтон, фæлæ мæм æстай дыууæ франчы йеддæмæ нæ разынд, туфлитæ та хъуамæ сæдæ фæндзайæ къаддæр ма кодтаиккой. Гъемæ æз дæр, модæйы чи нал уыд, ахæмтæ дыууæ туфлийы райстон æмæ сын æвдай фараст франчы бафыстон. Сæ хæрзтæй сæ не схуыдтаис, уымæй уæлдай ма мын гыццыл дæр уыдысты; æрмæст уæддæр æндæртæ балхæнын мæ къух нæ амыдта æмæ мын уыдон даргæ ’рцыдысты. Фыдхъизæмарæй мæ мардтой. Цæугæ-цæуын ма сын сæ рыстæн фæрæзтон; фæлæ-иу нымадæй цалдæр минуты мæхи æруагътон æмæ мæ-иу ногæй сыстын бахъуыд, зæгъгæ, уæд-иу мæ уд фыррыстæй сцæйхауд, мæ ных-иу рахид. Уый хыгъд мын уынджы уазал нал уыд; уыцы туфлитæ цалынмæ нæ балхæдтон, уæдмæ-иу ныссалдтæн, уымæн æмæ мыл-иу айдагъ тæнæг рог палто йеддæмæ ницы уыд хъарм дзаумайæ, — ныр та, кæд удхар кодтон, уæддæр уазалæй фервæзтæн. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу уынджы астæу æрлæууыдтæн æмæ-иу æрмæст мæ иу къахыл æнцадтæн, цæмæй-иу иннæ йæ фæллад куыд уагътаид, афтæ; стæй та-иу цасдæр куы ауадтæн, уæд ме ’ннæ къахыл слæууыдтæн — уый фæстæ мын-иу чысыл фенцондæр цæуын. Асинтыл уæлæмæ хизгæйæ бæллыдтæн, зæгъгæ, мæнæ ныртæккæ схæццæ уыдзынæн, сбаддзынæн дзæбæх бæстон бадтæй æмæ ме ’вирхъауы рыстæй фервæздзынæн. Уæттæфснайæг сылгоймаг мæ хъуыддагхуызæй бафарста:

— Кæцы номырмæ цæуæг дæ?

— Дыууадæсæммæ.

— Madame дæм æнхъæлмæ кæсы.

Дуар куы бахостон, уæд та мын ничи радта дзу


Понравилась статья? Добавь ее в закладку (CTRL+D) и не забудь поделиться с друзьями:  



double arrow
Сейчас читают про: